МХМ бамбарын кодтой милицийы хæдтулгæйы хайадистæй аварийы аххосаг

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авари æрцыд Сталины æмæ Советон уынгты алвæндагыл. Патрулон службæйы хæдтулгæ фæцæйскъæрдта фæсидтмæ судзгæ мигалкæтæ æмæ спецсигналимæ, загъдтой МХМ-йы

ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik, Козаты Диана. Милицийы УАЗ, кæцы сымбæлдис фæсарайнаг хæдтулгæйыл Цхинвалы алвæндагтæй иуыл, тагъд кодта фæсидтмæ æмæ цыд сæрмагонд сигнæлттимæ, загъдтой Sputnik МХМ-йы пресс-службæйы.

ФТЦ æрцыд Сталины æмæ Советон уынгты алвæндагыл. Мидхъуыддæгты министрады горæты хайады "Уазик" сымбæлд фæсарайнаг хæдтулгæ Mitsubishi Pajero-йыл.

"Шофыр нæ ауагъта судзгæ мигалкæтæ æмæ сæрмагонд сигналимæ хæдтулгæйы", - загъдта МХМ-йы пресс-службæйы кусæг Джиоты Алик.

Паддзахадон автоинспекцийы хистæры хæдивæг Ходты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, фæндагон змæлды архайджытæ хæсджын сты радтын фæндаг кусгæ сæрмагонд сигнæлтимæ хæдтулгæтæн.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фæфæлдæхт милицийы "таблетка": авари бахауд видеомæ

"Автотранспорты хицæуттæм сидæм, цæмæй фадат дæттой УУМ, тагъд æххуыс, МХМ-йы кусджытæн сæ куыст æххæст кæнынæн, кæцытæ скъæрынц сæрмагонд сигнæлттимæ, уымæн æмæ сæ тагъд архайдимæ баст вæййы адæмы цард", - загъта уагдоны минæвар.

Цауыл дзургæйæ, Ходты Сергей банысан кодта, фæндагон-транспортон цауы лыстæгдзинæдтæ кæй сгары Паддзахадон автоинспекци.

Ног хабӕртты лентӕ
0