Дьяконты Амиран: Хуссар Иры дӕр хъӕуы Конституцийы реформӕ

© Sputnik / Наталья АйриянДьяконты Амиран
Дьяконты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаты хъуыдымӕ гӕсгӕ, реформӕты фӕндагыл, кӕцыйыл слӕууыд Уӕрӕсе, хъӕуы рацӕуын Хуссар Ирыстонӕн дӕр, цӕмӕй саразой хицауады ног системӕ республикӕйы

ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хъӕуы конституцион реформӕ, цӕмӕй саразой ног системӕ хицауады къабазты хсӕн ӕмгуыстадӕн, загъта пресс-конференцийыл Sputnik пресс-центры парламенты культурӕ, дин ӕмӕ ДИФ-ты фӕдыл комитеты сӕрдар Дьяконты Амиран. Парламенты раздӕры ӕрсидтты уый уыд законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕрдар.

"Паддзахадон системӕйы реформӕйыл "Адӕмон парти" ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг тох кӕнӕм дӕс азы дӕргъы. Хъыгагӕн, политикон элитӕтӕ нӕ хъӕппӕристӕ нӕ фехъуыстой. Уыдон фехъуыста Путин. Реформӕ, кӕцы ныр цӕуы Уӕрӕсейы – у фӕндаг, кӕцы ӕнӕмӕнг хъӕуы рацӕуын Уӕрӕсейӕн. Мах дӕр хъӕуы слӕууын ацы фӕндагыл", - загъта Дьяконты Амиран.

Уый ма фехъусын кодта, хорзыл кӕй нӕ банымадта Тадтаты Аланы ныхӕстӕ, кӕцы радзырдта, ахӕм конституцион реформӕ махӕн актуалон нӕу.

Хостӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент хъавы сбӕрӕг кӕнын, цӕмӕннӕ фаг кӕнынц хостӕ

Парламентарийы уырны, реформӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы сӕххӕст кӕнын ӕмӕ "Адӕмон парти" кусдзӕн ууыл ӕмӕ бавдисдзӕн парламентмӕ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны проект.

Дьяконты Амиран равдыста ныфс, ацы фарстмӕ йӕ хъус кӕй ӕрдардзӕн президент Бибылты Анатолий, кӕцы йӕхӕдӕг уыд парламенты спикер ӕмӕ ӕмбары реформӕйы ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад.

"Дзырд цӕуы хицауад нысан кӕныны ӕххӕстбартыл, кадрон политикӕйыл. Афтӕ ма парламентӕн хъуамӕ уа бюджет ӕххӕст кӕныны фӕдыл финансон хъусдарды механизм", - бахахх кодта депутат.

Уый банысан кодта, хицауады фидар централизацийы системӕ президенты къухты уыд актуалон 2008 азы онг.

Вице-спикер Гасситы Петр радзырдта, ацы фарст кӕй у алы демократон паддзахады проблемӕ дӕр, афтӕ ма хицауады къабазты хӕдбардзинад дӕр.

Владимир Путин 15 январы ралӕууыд Федералон ӕмбырды раз ӕрвылазон ныстуанимӕ. Уый рӕстӕджы президент радзырдта бирӕ новациты тыххӕй социалон политикӕйы, банхъардта бирӕ ивындзинӕдтӕ Конституцимӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0