Хуссар Иры фæкарздæр кæндзысты дезинфекцион режим китайаг коронавирусы тыххæй

© The Central Hospital of Wuhan /  Ахизын медиабанкмæКитай коронавирус
Китай коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Китайы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты иумæйаг нымæц схызт 5999 онг, уыдонæй 132 фæмард сты

ЦХИНВАЛ, 29 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны "Госпотребнадзор" арвыста æххæстгæнæн хицауады органтæм рекомендацитæ транспорт, автовокзалты æмæ адæмы змæлд тыхджын цы рæтты у, уым дезинфекцион режим фæкарздæр кæныны фæдыл.

Эпидемиты ныхмæ режим фæкарздæр кæнын домынц республикæйы медицинон уагдæтты дæр.

"Республикæйы æмбæстæгты хъуамæ развæлгъау базоной, балцы цы бæстммæ хъавынц, уым эпидемиологон уавæр куыд у, хъуамæ пайда кæной маскæтæй, нуазой гарантион æдас дон, фых хæринаг, уæлдайдæр та балцыты. Къухтæ æнæнмæнг хъæуы æхсын хæрды размæ æмæ массон бынæтты фæстæ, сырдтæ цы ран ис, уырдæм нæ хъæуы цæуын", - дзырдæуы цæстдарæн уагдоны хъусинаджы.

Уымæй дарддæр ма цæрджытæм сидынц, цæмæй куыддæр сæхи æвзæр фенкъарой, афтæ уайтагъддæр бацæуой рынчындонмæ æмæ райсой медицинон æххуыс. 

Китайаг горæт Уханьы пневмонийы вирус апарахат декабры кæрон, йæ аххосаг ссис коронавирусы ног тип (2019-nCoV). Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Китайы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты иумæйаг нымæц схызт 5999 онг, уыдонæй 132 фæмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0