Цхинвалы центры дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлд бахауд видеойы

© Фото очевидцаЦхинвалы центры дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлд бахауд видеойы
Цхинвалы центры дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлд бахауд видеойы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы Путины ӕмӕ 8-ӕм Июны уынджы алвӕндагыл хуыцаубоны сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы

ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Цхинвалы знон изӕр Путины ӕмӕ 8-ӕм Июны уынджы алвӕндагыл сӕмбӕлдысты Jeep ӕмӕ BMW хӕдтулгӕ. Цау бахауд цӕстӕйфенӕджы видеорегистратормӕ.

Барадхъахъхъӕнӕг органты информацимӕ гӕсгӕ, Jeep хӕдтулгӕйы шофыр фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтк, ӕмӕ уый фӕдыл ӕрцыд авари. Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд нозтджын.

© Видео очевидцаЖесткая авария в центре Цхинвала
Цхинвалы центры дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлд бахауд видеойы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Жесткая авария в центре Цхинвала

Видеойыл зыны, Jeep хӕдтулгӕйы шофыр кӕй нӕ радта фӕндаг BMW-йӕн, Путины уынгӕй 8-ӕм Июны уынгмӕ ӕрбазилгӕйӕ. BMW-йы шофырӕн та нӕ бантыст рӕстӕгыл ӕруромын ӕмӕ уый фӕдыл хӕдтулгӕтӕ сӕмбӕлдысты.

Аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, бафтыдтой Мидхъуыддӕгты министрады.

Ног хабӕртты лентӕ
0