Арӕн хъахъхъӕныны гарант: Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры ПӔК Арӕнгӕрон службӕйӕн

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры ПӔК Арӕнгӕрон службӕйӕн
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры ПӔК Арӕнгӕрон службӕйӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны къуырисӕры нысан кӕнынц республикӕйы ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы сӕвзӕрды 15-ӕм афӕдзы бон

ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрды 15-ӕм афӕдзы боны цытӕн.

Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК: 2019 азы Хуссар Иры арӕнсӕтджыты нымӕц фӕкъаддӕр

"Арӕнгӕрон службӕ у нӕ паддзахады арӕнтӕ хъахъхъӕныны фидар гарант. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ эффективон архайд кӕнынц Паддзахадон арӕны ӕдасдзинад ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕмӕ хъахъхъӕнынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты сабыр цард", - дзырдӕуы паддзахады сӕргълӕууӕджы арфӕйы.

Бибылты Анатолий бафтыдта, зӕгъгӕ, адӕм алыхатт дӕр хъуыды кӕндзысты Арӕнгӕрон службӕйы кусджыты сгуыхтдзинӕдтӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой сӕ бӕстӕ ӕмӕ равдыстой ӕцӕг хъайтардзинад. Президент банысан кодта, сӕ традицитӕ сын кӕй дарддӕр кӕны ныры фӕлтӕр, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц республикӕйы хӕдбардзинад ӕмӕ суверенитет.

Паддзахады сӕргълӕууӕг загъта бузныг службӕйы кусджытӕн хъайтардзинад, профессионализм ӕмӕ бӕрнон ахасты тыхххӕй сӕ хӕслӕвӕрдтӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0