Хуссар Иры хъалонты ӕмбырдкӕнынад 2019 азы фӕфылдӕр 14 милуаны бӕрц – ФХС сӕрдар

© Пресс-служба президента РЮОКацты Владимир
Кацты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Бибылты Анатолий хайад райста Хуссар Ирыстоны Хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты хыгъдон коллегийы, кӕцыйы рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодтой уагдоны архайдӕн 2019 азы

ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд аз фӕфылдӕр сты хъалонон фиддонтӕ паддзахадон бюджетмӕ, фехъусын кодта хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты (ФХС) сӕрдар Кацты Владимир хыгъдон коллегийы рӕстӕджы, цы ран хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий.

"2018 азы аналогион периодмӕ гӕсгӕ, хъалонты ӕмбырдкӕнынад фӕфылдӕр 14504,1 мин сомы бӕрц, уый у 1,4 проценты. 2019 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетмӕ бацыд 1062823,3 мин сомы, нывӕзт та уыд 1021830,8 мин сомы, уый у нывӕзтон бӕррӕггӕнӕнты 104 проценты", - загъта Кацты Владимир.
© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий хайад райста Хуссар Ирыстоны Хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты хыгъдон коллегийы
Хуссар Иры хъалонты ӕмбырдкӕнынад 2019 азы фӕфылдӕр 14 милуаны бӕрц – ФХС сӕрдар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент Бибылты Анатолий хайад райста Хуссар Ирыстоны Хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты хыгъдон коллегийы

Афтӕ ма уагдоны сӕрдар банысан кодта, 2018 азмӕ абаргӕйӕ, хъалон чи фиды, уыдон нымӕц фӕфылдӕр 177 адӕймаджы бӕрц, иумӕйагӕй хъалонон хыгъды сты 4941 адӕймаджы.

Бибылты Анатолий загъта бузныг комитеты кусджытӕн сӕ куысты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, республикӕйы бюджет баст кӕй у хъалонон службӕйы алкӕцы кусӕджы архайдимӕ дӕр.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий хайад райста Хуссар Ирыстоны Хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты хыгъдон коллегийы
Хуссар Иры хъалонты ӕмбырдкӕнынад 2019 азы фӕфылдӕр 14 милуаны бӕрц – ФХС сӕрдар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент Бибылты Анатолий хайад райста Хуссар Ирыстоны Хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты хыгъдон коллегийы

Уымӕй дарддӕр хыгъдон коллегийы рӕстӕджы ӕрдзырдтой фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты ӕфтиӕгтӕй хъалон исыны фарстыл. Кацты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕй ӕфтиӕгтӕ фӕфылдӕр сты, кӕд ӕмӕ раздӕр уыдысты 300 мин сомы, уӕд ныртӕккӕ та сты 7 милуан ӕмӕ 200 мин сомы.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, кусӕгон мигрантты фӕдыл хъуамӕ бӕрн хӕссой адӕм, кӕцытӕ сын саразынц ӕрхуынд республикӕмӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта ПӔК Арӕнгӕрон службӕйӕн, цӕмӕй Миграцион службӕимӕ иумӕ саразой механизм ацы фарст аскъуыддзаг кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0