Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Иры тӕфӕрфӕс ракодта уӕрӕсейаг уыннафӕгӕнӕджы амӕлӕты фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейы минӕварад Хуссар Ирыстоны
Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фарстыты фӕдыл Уӕрӕсейы Федерацийы уынаффӕгӕнӕг ӕмӕ йе ‘мкъайы мӕлӕты тыххӕй фехъусын кодтой знон

ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Ирыстоны тӕфӕрфӕс ракодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фарстыты фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь ӕмӕ йе ‘мкъай Ирина Галы трагикон мӕлӕты фӕдыл.

Игорь Галь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы йæ цардæй ахицæн уæрæсейаг уынаффæгæнæг æмæ йе ʻмкъай

Уынаффӕгӕнӕг ӕмӕ йе ‘мкъайы мӕрдон буӕрттӕ ссардтой къуырисӕры сӕ хӕдзары Цхинвалы. Барадхъахъхъӕнӕг органты нырма нӕ фехъусын кодтой сӕ мӕлӕты аххосӕгтӕ.

"Минӕварад бӕрӕг кӕны цауы ӕууӕлтӕ, ис сын бастдзинад Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтимӕ. Минӕварады кусджытӕ тӕфӕрфӕс кӕнынц Игорь Галь ӕмӕ Ирина Галы хиуӕттӕн", - дзырдӕуы дипломатон мисссийы сайты хъусинаджы.

Знон мӕрдон буӕрттӕ арвыстой Дзӕуджыхъӕумӕ тӕрхондоны медицинон экспертизӕмӕ. Дыццӕджы Цӕгат Ирыстоны ДИФ-тӕ фехъусын кодтой, кӕй рабӕрӕг ис ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры уынаффӕгӕнӕг ӕмӕ йе ‘мкъайы мӕлӕты аххосаг. Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ уыдон амардысты газӕй фӕхъӕстӕйы фӕстиуӕгӕн.

Генералон прокуратурӕйы загътой Sputnik, ацы информаци нырма официалон бӕлвырд кӕй нӕу. Афтӕ сдзуапп кодтой республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0