"Allonfilm" бавдисдзæн дыууæ кинонывы æхсæнадæмон фестивальмæ

© AllonFilmAllonFilm
AllonFilm - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд аз ацы фестивалы архайгæйæ Хуссар Иры минæвæрттæ райстой сæрмагонд приз "Хуыздæр сценарий", уæд бавдыстой аивадон-документалон киноныв "IRON VANDEE"

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны национ киностуди "Allonfilm" бавдисдзæн дыууæ документалон кинонывы æфсæддон-патриотикон кинонывты æмæ алæвæрдты X-æм æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт"-мæ, фехъусын кодта Sputnik киностудийы хистæр Мамиты Григорий.

Ивгъуыд аз ацы фестивалы архайгæйæ Хуссар Иры минæвæрттæ райстой сæрмагонд приз "Хуыздæр сценарий", уæд бавдыстой аивадон-документалон киноныв "IRON VANDEE".

"Бавдисдзыстæм дыууæ кинонывы "Фарастæй иумæ" æмæ "Пари со смертью", фестивалы фысымтæ нæ сæхæдæг фæхуыдтой. Дыууæ киноныв дæр сты хъайтардзинадыл, фæлæ дзы иу у хæстон киноныв, аннæ фылдæр таурæгъ кæны адæймаджы хъысмæтыл", - загъта Мамиты Григорий.

Фестиваль цæудзæн 20-23 майы Волгограды.

Афишæ Вдевятером - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал-Донецк: "AllonFilm" равдисдзæн йæ киноныв ДАР-ы

Хуссар Ирыстоны национ киностуди "Allonfilm"-ы куыст "Фарастæй иумæ" таурæгъ кæны ирон лæппуты хъайтардзинадыл, кæцытæ 2008 азы хæсты Уырысы æххуысы рцыдмæ урæдтой хотыхджын æнæкæрон гуырдзиаг æфсады.

Кинонывы центры сты зынгхуыст хъайтартӕ - хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ йе 'мкусæг Джиоты Азæмæт (Пантера), кӕцытӕ фæмард сты уыцы тохы.

Съемки фильма Геноцид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент баххуыс кодта киностуди "Allonfilm" скусынæн

Киностудийы фыццаг фильм "Пари со смертью" ист у Паддзахадон ӕдасдзинады раздӕры ӕнӕштатон кусӕг, паддзахадон хорзӕхты кавалер Колыты Иналы уæззау хъысмæтыл. Уый Хуссар Иры ПӔК-ы амындмӕ гӕсгӕ сразы ис Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты ӕмгуыстады ӕнхъарӕныл. Уый бахызта Цхинвал цалдӕр терактӕй, фӕлӕ йын уӕддӕр фӕстагмӕ йӕхи фыдбылызӕй бахизын нал бантыст.

Гуырдзыстоны террористон фӕндтӕ раргом кӕныны тыххӕй сæрмагонд службæтæ спырх кодтой Иналы хӕдтулгӕ 2008 азы марты. Ӕвзонг лæппу террористон акты фæстиуæгæн фесæфта йæ дыууæ къахы дæр, райста уæззау цæфтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0