Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта арӕнсӕтджыты нымӕцы тыххӕй январы

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон арӕн
Паддзахадон арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон арӕны режим ӕмӕ арӕнгӕрон режимы фехӕлдты тыххӕй январы радзырдтой республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты

ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) фехъусын кодта январы арӕнсӕтджыты нымӕцы тыххӕй. Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, декабрь ӕмӕ январы республикӕйы арӕн фехӕлдтой ӕмбӕстӕгты ӕмхуызон нымӕц – 36 адӕймаджы.

Паддзахадон арӕны режим январы фехӕлдтой 17 ӕмбӕстаджы, арӕнгӕрон режим та 19. Алкӕцы цауы фӕдыл дӕр ПӔК Арӕнгӕрон службӕ ауагъта равзӕрсттӕ.

"Уый фӕдыл 28 адӕймаджы фӕивар кодтой, иу адӕймаджы арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, ӕхсӕз арӕнсӕттӕджы бафӕдзӕхстой. Иумӕйагӕй арӕнсӕтджытӕ бафыстой паддзахадон бюджетмӕ 83 500 сомы", - фехъусын кодта ПӔК пресс-службӕйы кусӕг Биазырты Екатерина.

ПӔК арӕнгӕрон службӕ банысан кодта, паддзахадон арӕныл уавӕры тыххӕй, провокацитӕ аиуварс кӕнын ӕмӕ ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фӕдыл нал уадзынц адӕм ӕмӕ транспортон фӕрӕзтӕ хизын уадзӕн пункттӕ "Раздӕхӕн" ӕмӕ "Синагур"-ы уылты 2019 азы 4 сентябрӕй фӕстӕмӕ.

Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта Ленингоры районы пенсионерты Гуырдзымӕ ахизыны фӕтк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта Ленингоры районы пенсионерты Гуырдзымӕ ахизыны фӕтк

Гуманитарон нысанӕн 24 январӕй фӕстӕмӕ "Раздӕхӕн" бакодтой гоймӕгтӕн, кӕцытӕ цӕрынц Ленингоры районы ӕмӕ хауынц цӕрджыты категоримӕ, кӕцытӕн нӕй Хуссар Ирыстон кӕнӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгад, афтӕ ма нӕ исынц пенситӕ РХИ ӕмӕ УФ территорийыл.

Уымӕй дарддӕр ПӔК бахахх кодтой, Ленингор ӕмӕ Дзауы районы цӕрджытӕн дӕттынц ног пропусктӕ, цӕмӕй хизой паддзахадон арӕны сӕрты.

Ног хабӕртты лентӕ
0