Цхинвалмæ хæстæг хæдтулгæ ахауд дæлбыл

© Sputnik / Наталья АйриянФæндаг
Фæндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдбылызы бахауæг шофырæн баххуыс кодтой УУМ ирвæзынгæнджытæ. Фæндагон-транспортон цау æрцыд майрæмбоны

ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалæй цалдæр километр дæрддзæф фæсарæйнаг хæдтулгæйы шофыр не ʻсырæхст скъæрын æмæ ахызт фæндагæй, загътой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæйы.

Фæндагон-транспортон цау ʻрцыд майрæмбоны, 13:00 сахатмæ æввахс.

"Рог хæдтулгæ BMW шофыр не ʻсырæхст скъæрын æмæ ахаудта къанаумæ. Сæ амондæн аварийы ничи бахъыгдард ис, рынчындонмæ кæнын дæр шофыры нæ бахъуыд", - загътой уæлвæткон уагдоны.

Фыдбылызы бахауæг шофырæн баххуыс кодтой УУМ ирвæзынгæнджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0