Хуссар Иры хъахъхъæнынады министрад сæнусон кæндзысты дзæнæттаг æфсæддонты ном

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры хъахъхъæнынады министрад сæнусон кæндзысты дзæнæттаг æфсæддонты ном
Хуссар Иры хъахъхъæнынады министрад сæнусон кæндзысты дзæнæттаг æфсæддонты ном - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мемориалон комплексы арæзтад райдайдзæн æввахс рæстæджы уагдоны территорийыл

ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik, Чехойты Инга. Хуссар Иры хъахъхъæнынады министрад сæнусон кæндзысты дзæнæттаг æфсæддонты ном. Мемориалон комплекс арæзт æрцæудзæн уагдоны территорийыл.

Хуссар Иры гæрзджын тыхтæ арæзт цыдысты 1992 азы. Йæ фыццаг сконды уыдысты Гуырдзыстоны ныхмæ тохгæнджытæ. Уагдон арæзт æрцыд Хуыбылты Валерий, кæцы фæстæдæр ссис хъахъхъæнынады фыццаг министр æмæ Джиоты Алан – фыццаг командæгæнæгы хъæппæрисæй.

© Пресс-служба МО РЮОМемориалон комплексы эскиз
Хуссар Иры хъахъхъæнынады министрад сæнусон кæндзысты дзæнæттаг æфсæддонты ном - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мемориалон комплексы эскиз

1993 азæй фæстæмæ, бирæ æфсæддонтæ сæ цард радтой Хуссар Иры сæрибардзинадыл тохы.

Ӕрæджы хыгъдон мадзалы рæстæджы министр Гассеты Ибрагим фехъусын кодта, мемориалон комплексы арæзтад райдайдзæн æввахс рæстæджы уагдоны территорийыл, уым сæнусон кæндзысты 1993-2008 æзты Гуырдзыстоны ныхмæ тохы чи фæмард, уыцы æфсæддонты рухс нæмттæ.

Гасситы Ибрагим бахæс кодта, арæзтад фæуын ацы аз.

"Хъахъхъæнынады министр банысан кодта, комплексы кæй хъомæ уа уагоны дыууæ бындурæвæрджы бюсттæ - Хуыбылты Валерий, кæцы ссис хъахъхъæнынады фыццаг министр æмæ Джиоты Алан – гæрджын тыхты фыццаг командæгæнæг. Уыдзæн дзы техника, кæцы архайдта хæсты 1992 – 2008 æзты"- загъта Sputnik министрады кусæг Ӕлборты Эдуард.

Мемориалон комплексыарæзтад райдайдзæн æввахс рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0