Хуссар Иры президент раарфæ кодта уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджытæн

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСлестгæнæн изолятор
Слестгæнæн изолятор  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы абон нысан кæнынц уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджыты профессионалон бæрæгбон

ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Уголовон-æххæстгæнæн системæ у Хуссар Ирыстоны территорийыл закондзинад æмæ фæткы гарант, банысан кодта президент Бибылты Анатолий йæ арфæйы пенитенциарон системæйы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. 

"Уæ бæрны ис барадхъахъхъæнæн архайды ахсджиагдæр фæдыздæхтытæй иу - уголовон æфхæрдтæ æххæст кæнын. Сымах хæссут бæрн æрмæст æфхæрд æмбæлонæй сæххæст кæныны хъуыддаджы нæ, фæлæ ма фыдракæндты  зæрдæхсайгæ, науæд та азымджын адæмы бартæ æмæ законон интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы дæр, - дзырдæуы бæстæйы сæргълæууæджы арфæйы. 

Бибылты Анатолий ма банысан кодта, æмбæстæгты вазыгджын контингентимæ кусгæйæ системæйы минæвæртты кæй хицæн кæны профессионализм æмæ быхсындзинад, æххуыс сын кæнынц сæ социалон адаптацийы дæр.

Президент бузныг загъта уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджытæн сæ цæсгомджын архайд æмæ стыр бæрндзинады тыххæй.   

Ног хабӕртты лентӕ
0