Хуссар Иры сфидар кодтой монон-фæткæвæрдон хъомылады ног нывæзт

© Sputnik / Наталья АйриянНационалон дарæс
Националон дарæс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæры программæйы реализаци нымад уыд æртæ азæн æмæ æтыстджынæй балхынцъ ис 2019-æм азы. Республикæйы министры кабинет æртыццæджы сфидар кодта ног нывæзт

ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад хорзыл банымадта ног паддзахадон нывæзт фæсивæды монон-фæткæфæрдон хъомылады фæдыл, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæйы кусæг Дзудцаты Тамара.

Раздæры программæйы реализаци нымад уыд æртæ азæн 2017-æй 2019-æм æзтæн æмæ æтыстджынæй балхынцъ ис ивгъуыд азы кæрон.

Этнолагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры этнолагеры 2020 азы баулӕфдзӕн дыууӕ хатты фылдӕр фӕсивӕд

"2017-2019 æзты цыд фæсивæды монон-фæткæвæрдон хъомылад, патриотизм, национ культурæ æмæ аивады размæцыд, спортивон цæттæдзинад, алфамблай æрдзмæ аудгæ ахаст æмæ æндæр ахсджиаг фарстытимæ баст мадзæлтты æнтыстджын реализаци. Мах уыдон тыххæй бацæттæ кодтам хыгъдлæвæрд", - загъта ахуырады министр Гасситы Натали хицауады рабадты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног программæйы нысæнттæ æмæ хæстæ, кæцыйыл куыст цыд ивгъуыд азы дæргъы, баззадысты æнæаивгæ. Ног документмæ æдæппæт хаст æрцыд æртын мадзалы онг хицæн æмæ хицæн къабæзты.

Хицауады сæрдар Пухаты Эрик банысан кодта ацы нывæзты ахсджиагдзинад æмæ бахахх кодта, æнæмæнг æй кæй хъæуы адарддæр кæнын.

"Нысанмæздæхт программæ у актуалон, кусы, æмæ йæ хъæуы адарддæр кæнын. Ныфс мæ ис, ног нывæзт зæрондæй къаддæр æнтыстджын кæй нæ разындзæн", - загъта уый.

Ног нывæзты мадзæлттæ здæхт сты спорт æмæ физикон культурæйы, сывæллæтты аивад, национ литературæ, истори, уый нымæцы СФХ историйы райрæзтмæ, фæллойады кабинетты ифтонгадмæ, этноцентрты, тематикон конкурсты, фестивальты организацимæ æмæ бирæ æндæртæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0