Майдантæ, арфæтæ æмæ æмдзæвгæтæ: МСНКйыл - 28 азы

© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæрæгбоны цытæн къордмæ хорзæхтæ æмæ лæвæрттимæ фæуазæг сты республикӕйы тыхон структурæты хистæртæ, МСНК ветерантæ æмæ дзæнӕттаг кусджыты бинонтæ

ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы майрæмбоны нысан кæнынц Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды сæвзæрды бон. Къорды хæстонтæ райстой паддзахадон æмæ уагдонон хорзæхтæ, раарфæ сын кодтой республикæ æмæ барадхъахъхъæнæг органты разамонджытæ, нывонд сын кодтой æмдзæвгæтæ, дзырдтой æдасдзинад бахъахъхъæныны сæ хайбавæрдыл Цънелисы кризисы рæстæджы.

© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
Майдантæ, арфæтæ æмæ æмдзæвгæтæ: МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
МСНКйыл - 28 азы

Республикæйы фæтк æмæ æдасдзинады хъахъхъæнынады иууыл куыстхъомдæр æмæ раззагондæр къордыл 28 азы сæххæстæн нывонд цытджын церемони райдыдта арфæтæй. Президент Бибылты Анатолий æмæ йæхи номæй МСНК-æн раарфæ кодта хицауады сæрдар Пухаты Эрик.

"Ацы къорд 1992 азæй фæстæмæ йæ хæстæ æххæст кæны тагъд æмæ нывыл. Бузныг уын уæ куысты тыххæй, кæй хъахъхъæнут куыд æхсæнадон фæтк республикæйы, афтæ бæстæйы æддагон тасæй дæр", - загъта премьер.

Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) кусджыты иу къорд райстой паддзахадон майдантæ – "За службу на страже мира" æмæ "Защитнику Отечества" хицауады сæрдары къухæй. Лæвæрттæ æмæ майдантимæ фæуазæг сты Паддзахадон æдасдзинады комитет æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы хистæртæ дæр.

© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
Майдантæ, арфæтæ æмæ æмдзæвгæтæ: МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
МСНКйыл - 28 азы

Фыццаг рахицæн кодта къорд кусæджы майдантæ "За заслуги в обеспечении безопасности"-йæ, дыккаг та майдантæ "За боевое содружество"-йæ.

"МСНК у иууыл куыстхъомдæр къордтæй иу, уымæн мах æвдисæн уыдыстæм арæнтæ хъахъхъæныны рæстæджы. Разæй нырма ис бирæ аразинæгтæ, ут фидар æмæ куыстхъом, цæмæй уыл нæ ныфс дарæм, нæхи тыхтæ нын куыннæ фаг кæна, уæд ", - загъта ПӔК хистæр Олег Ширан.

© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
Майдантæ, арфæтæ æмæ æмдзæвгæтæ: МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
МСНКйыл - 28 азы

Хуссар Иры Мидхъуыдддæгты министр Наниты Игорь арфæтæй дарддæр радзырдта йæхи сæрмагонд архайды тыххæй дæр уагдоны сконды. Уый МСНК рæнхъытæм бацыд ивгъуыд æнусы 90-æм æзты.

"МСНК сæвзæрд 1991 азы, иу афæдзы фæстæ официалон æгъдауæй фидар æрцыд. Уый уыд иунæг структурæ, кæцы Дагомысы бадзырдты агъоммæ хъахъхъæдта сабырад республикæйы. 1991 азæй 2011 азы онг уыдæн къорды сконды", - загъта МХМ министр.

Уый ма банысан кодта, сæрыстыр кæй у, МСНК кæй службæ кодта, уымæй.

"МСНК фæсивæд исынц æфсæддон цæттæдзинад. Ирон лæг æмæ æфсæддон адæймаг æххæст цы æвæрццаг миниуджытæй у, уыдон иууылдæр сты МСНК-ы кусджыты. Мах иууылдæр – архайгæ кусджытæ æмæ ветерантæ сæрыстыр стæм, кæй службæ кодтам МСНК-ы", - бафтыдта Наниты Игорь.

© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
Майдантæ, арфæтæ æмæ æмдзæвгæтæ: МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
МСНКйыл - 28 азы

Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къордӕн бындур æвæрд æрцыд 28 азы размæ, Гуырдзыстоны радон агрессийы тæмæны. Йе сконды уыдысты цалдӕр ӕвзонг лӕппуйы. Уыдон мидӕггагон сабырдзинад хъахъхъӕнынӕй дарддӕр стыр хъӕбатырдзинад равдыстой ӕддагон знаджы ныхмӕ тохы дӕр.

Къорд цадӕггай йӕ рӕнхъытӕ ‘ххӕст кодта ӕмӕ абон у республикӕйы иууыл куыстхъомдæр структурæтӕй иу. Ныртӕккӕ ОМОН-ы скоды ис 300-йӕ фылдæр ӕфсӕддоны.

© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/7
МСНКйыл - 28 азы
© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/7
МСНКйыл - 28 азы
© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/7
МСНКйыл - 28 азы
© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/7
МСНКйыл - 28 азы
© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/7
МСНКйыл - 28 азы
© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/7
МСНКйыл - 28 азы
© Sputnik / Наталья АйриянМСНКйыл - 28 азы
МСНКйыл - 28 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/7
МСНКйыл - 28 азы
1/7
МСНКйыл - 28 азы
2/7
МСНКйыл - 28 азы
3/7
МСНКйыл - 28 азы
4/7
МСНКйыл - 28 азы
5/7
МСНКйыл - 28 азы
6/7
МСНКйыл - 28 азы
7/7
МСНКйыл - 28 азы
Ног хабӕртты лентӕ
0