Хуссар Ир ӕрбаиу испайнаг флешмоб "Уӕлахизы Зарӕг"-мӕ

© Sputnik / Наталья АйриянСывӕллӕтты хор "Улыбка"
Сывӕллӕтты хор Улыбка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акцийы хайад исынц скъоладзаутӕ Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнтӕй. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕн ролик ныффыссын баххуыс кодтой Sputnik агентады журналисттӕ

ЦХИНВАЛ, 21 фев - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстон ӕрбаиу флешмобмӕ, кӕцы нывонд у Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты цытӕн. Акци райдыдта январы Испанийы.

2020 аз мысӕн ӕмӕ кады Азӕй кӕй расидтысты, уый фӕдыл Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты цытӕн Торровьеха горӕты уӕрӕсейаг ахуырадон центр, Испани ӕмӕ Андоррайы уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты фӕсивӕдон центр, Уӕрӕсейаг хӕдзар Аликантейы фехъусын кодтой акци ауадзыны тыххӕй – флешмоб "Уӕлахизы Зарӕг".

Хуссар Ирыстонӕй акцийы хайад исынц Цхинвалы фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутӕ. Сывӕллӕттӕ ахуыргӕнӕгимӕ бацӕттӕ кодтой Владимир Завикторины зарӕг "Как будто не было войны" ӕмӕ систой видеоролик, кӕцы тагъд рӕстӕджы арвитдзысты организатортӕм.

"Сывӕллӕтты вокалон-интсрументалон къорд "Улыбка"-йы разамонӕг Гӕззаты Марина йӕ хъомылгӕнинӕгтимӕ аскъуыддзаг кодта хайад райсын акцийы. Сывӕллӕттӕ цӕттӕ сты, мах арвитдзыстӕм документаци ӕмӕ видеоролик", - радзырдта скъолайы директор Туаты Мадина.

Уый загъта бузныг агентад Sputnik Хуссар Ирыстонӕн видео ӕрмӕг саразынӕн ӕххуысы тыххӕй.

Акци райдыдта 27 январы ӕмӕ цӕудзӕн 2020 азы 9 майы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0