Хуссар Иры сӕрмагонд нысаниуӕджы къордӕн радтой хӕстон тырыса

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони
Хуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Элитон дӕлхайад - Мулдарты Зелимы номыл сӕрмагонд нысаниуӕджы батальоны кусджытӕ бахастой стыр хайбавӕрд Гуырдзыстонимӕ хӕсты уӕлахизмӕ ӕмӕ республикӕйы националон интерестӕ хъахъхъӕныны хъуыддагмӕ

ЦХИНВАЛ, 21 фев - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони ацыд майрӕмбоны уагдоны ӕфсӕддон горӕты плацыл. Мадзал ацыд РХИ Гарзджын тыхты сӕвзӕрды боны фӕлгӕтты (ацы бӕрӕгбон нысан цӕуы фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонимӕ иумӕ 23 февралы).

Церемонимӕ ӕрбацыд республикӕйы уӕлдӕр командӕгӕнӕг Бибылты Анатолий, кӕцы радта тырыса сӕрмагонд къорды кусджытӕн.

"Абон у нысаниуӕгджын бон – хъӕбатырдзинӕдӕн аргъ кӕнӕм, кӕцы батальоны ӕфсӕддонтӕ равдыстой хӕстыты, кӕцыты хайад райстой. Хӕстон тырыса у ӕфсӕддонты дӕр, кӕцытӕ раздӕр службӕ кодтой уӕ дӕлхайады", - загъта президент.
© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони
Хуссар Иры сӕрмагонд нысаниуӕджы къордӕн радтой хӕстон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони

Бибылты Анатолий бахахх кодта, дӕлхайады хӕстон тырыса кӕй хъуамӕ хъахъхъӕна алкӕцы ӕфсӕддон дӕр.

"Уырны мӕ, батальоны ӕфсӕддонтӕ дарддӕр дӕр кӕй ӕххӕст кӕндзысты се ‘фсӕддон хӕслӕвӕрдтӕ, ӕмӕ намысджынӕй хӕсдзысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ӕфсӕддоны ном. Ныфс мӕ ис, сымах алыхатт дӕр кӕй кад кӕндзыстут хъайтартӕн, кӕцытӕ тох кодтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты, афтӕ ма Гуырдзыстонимӕ хӕсты 90-ӕм ӕзты ӕмӕ 2008 азы. Уырны мӕ, уӕ хӕстон цӕттӕдзинад кӕй уыдзӕн бӕрзонд ӕмвӕзадыл, республикӕйы адӕм та уӕ уыдзысты сӕрыстыр", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони
Хуссар Иры сӕрмагонд нысаниуӕджы къордӕн радтой хӕстон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони

Мадзалы рӕстӕджы "Хӕларады Орден"-ӕй схорзӕхджын кодтой РХИ раздӕры хъахъхъӕнынад ӕмӕ уӕлвӕткон уавӕрты министр (2003-2004 ӕзты), булкъон Мулдарты Зелимы ӕмкъайы – Болататы Лианайы, ӕмӕ уагдонон майдан "25 азы РХИ Хъахъхъӕнынады министрадыл"-ӕй та йӕ чызг Мулдарты Фатимӕйы.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони
Хуссар Иры сӕрмагонд нысаниуӕджы къордӕн радтой хӕстон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони

Дӕлхайадӕн ис хъӕздыг истори, сӕрмагонд нысаниуӕджы батальоны кусджытӕ бахастой стыр хайбавӕрд Гуырдзыстонимӕ хӕсты уӕлахизмӕ ӕмӕ республикӕйы националон интерестӕ хъахъхъӕныны хъуыддагмӕ.

Дӕлхайад райдыдта йӕ хӕстон фӕндаг 1992 азы Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл хъаугъайы зонӕйы ӕмхӕццӕ тыхты ирон батальоны сконды. 1995 азы дӕлхайад бакодтой РХИ Хъахъхъӕнынады министрады скондмӕ. 2003 азы сарӕзтой разӕсгарӕн батальон. Уымӕн радтой булкъон Мулдарты Зелимы кадджын ном.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони
Хуссар Иры сӕрмагонд нысаниуӕджы къордӕн радтой хӕстон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонӕн хӕстон тырыса раттыны бӕрӕгбонон церемони
Ног хабӕртты лентӕ
0