Хуссар Ир сæхгæдта йæ арæн 60-йæ фылдæр бæстæты æмбæстæгтæн

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзал ист цæуы æппæт дунейы короновирусы ног хуызы апарахаты фæдыл. Раздæр республикæйы хицауад сæхгæдта йæ арæн Гуырдзыстонимæ, уым дæр COVID-19-æй фæрынчынуæвæг кæй рабæрæг ис, уый тыххæй

ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстон тобæ сæвæрдта 60-йæ фылдæр бæстæйы æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл короновирусы ног хуызы апарахат ма руадзыны тыххæй. Хуссарирыстойнаг фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй тобæ йæ тыхы бацыд 2020 азы 1 мартæй фæстæмæ. 

Хуссар Ир Гуырдзыстонимæ арæн иууылдæр æхгæны коронавирусы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир Гуырдзыстонимæ арæн иууылдæр æхгæны коронавирусы тыххæй
Цы бæстæты минæвæрттæн сæхгæдтой арæн, уыдон номхыгъдмæ бахаудтой Австрали, Австрия, Азербайджан, Алжир, Сомихстон, Афганистан, Бахрейн, Беларусь, Бельги, Бразили, Стыр Британи, Вьетнам, Германи, Греци, Гуырдзыстон, Дани, Египет, Израиль, Инди, Ирак, Иран, Ирланди, Исланди, Испани, Итали, Камбоджа, Канада, Катар, Китай, Кувейт, Ливан, Литва, Люксембург, Малайзи, Мексика, Монако, Непал, Нигери, Нидерландтæ, Ног Зеланди, Норвеги, Эмираттæ, Оман, Пакистан, Республикæ Корея, Румыни, Сан-Марино, Цæгат Македони, Сингапур, США, Таиланд, Филиппины, Финлянди, Франци, Хорвати, Швейцари, Швеци, Шри-Ланка, Эквадор, Эстони, Япони.

Раздæр Хуссар Ирысто сæхгæдта Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункттæ иууылдæр, уым дæр COVID-19-æй фæрынчынуæвæг кæй рабæрæг ис, уый тыххæй. Бон раздæр Паддзахадон æдасдзинады комитет фехъусын кодта, зæгъгæ, республикæйы æмбæстæгты, кæцытæ баззадысты Гуырдзыстоны территорийыл, æрбахизын кæдзысты сæ хæдзæрттæм, фæлæ дыууæ къуыри уыдзысты карантиныл.

Пневмонийы вирус апарахат декабры кæрон, Китайаг горæт Уханьы, йæ аххосаг ссис коронавирусы ног тип (2019-nCoV). Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Китайы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты иумæйаг нымæц схызт 91 мин адæймаджы онг, уыдонæй æртæ минæй фылдæр фæмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0