Оперативон штаб фехъусын кодта Цхинвалы цур бырондоны зынгсирвӕзты аххосаг

© Пресс-служба правительства РЮО Оперативон штаб фехъусын кодта Цхинвалы цур бырондоны зынгсирвӕзты аххосаг
Оперативон штаб фехъусын кодта Цхинвалы цур бырондоны зынгсирвӕзты аххосаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвӕзт, кӕцы райдыдта Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг хайы дыццӕджы бонӕй, нырма дӕр нӕ бантыст аиуварс кӕнын

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. Цхинвалы цур бырондоны зынгсирвӕзты аххосаг уыд йӕ фарсмӕ быдыры хус кӕрдӕг кӕй басыгътой, уый – дымгӕ рахаста арт бырондонмӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодтой зынгсирвӕзт ахуыссын кӕныны фӕдыл Хуссар Ирыстоны хицауады оперативон штабы рацӕугӕ рабадтыл.

Пожар на мусорном полигоне близ Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал фæздæджы: столицæмæ хæстæг бырондон хуыссын кæнынц баиугонд тыхтæ

Штабы уӕнгтӕ – хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, столицӕйы мэр Коцты Алан, УУМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз, Цхинвалы хӕрзарӕзтады хайады директор Габуты Инал – бабӕрӕг кодтой бырондоны территори ӕмӕ ӕрдзырдтой арт аиуварс кӕныны фӕдыл мадзӕлттыл.

"Бырондон, кӕцы ис горӕтӕй цыппар километры фалдӕр, райдыдта судзын знон бонӕй ӕртӕ сахатыл. Арт ахуыссын кӕныныл архайынц ӕрмӕст УУМ хӕдтулгӕтӕ нӕ, фӕлӕ ма фӕндагон службӕтӕ, "Водоканал" ӕмӕ ӕндӕр организациты автотехникӕ. Зынгсирвӕзты дырыс фӕзуат сбӕрӕг кӕнын нырма нӕй гӕнӕн тыхджын фӕздӕджы тыххӕй", - дзырдӕуы хицауады пресс-службӕйы хъусинаджы.

Полигоныл кусынц техникӕйы дӕс иуӕджы, зынгфӕдисон хӕдтулгӕтӕ, уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕ ӕмӕ бульдозертӕ. Пухаты Эрик бахӕс кодта ӕрбаздахын техникӕ иууылдӕр арты гуырӕнтӕ хуыссын кӕнынмӕ.

Уавӕрмӕ иудадзыг йӕ цӕст дары хицауады сӕрдар. Зынгсирвӕзт аиуварс кӕныны фӕдыл оперативон штабы иннӕ рабадт ацӕудзӕн абон фӕстӕдӕр.

Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ къуырийӕ фылдӕр хуыссын кӕнынц зынгсирвӕзттӕ республикӕйы алы районы дӕр. Зынгсирвӕзтты аххосаг фылдӕр хатт вӕййы адæмы уæлæнгай ахаст. Чысыл арты зынг апарахат вæййы стыр тыгъдадтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0