Хуссар Иры милици бафхӕрдзӕн ссыгъдты азымджынты

© Sputnik / Наталья АйриянЗынгфӕдисон хӕдтулгӕ
Зынгфӕдисон хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
МХМ сӕргълӕууӕг бахӕс кодта ауадзын лӕмбынӕг басгӕрст цауты фӕдыл, сбӕрӕг кӕнын зынгсирвӕзтты аххосӕгтӕ ӕмӕ ӕрбаздахын аххосджынты бӕрнмӕ

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ӕрбаиу зынгсирвӕзттимӕ тохмӕ, кӕцытӕ сарӕх сты фӕстаг рӕстӕджы республикӕйы территорийыл, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыппӕрӕмы Мидхъуыддӕгты министрады ацыд оперативон рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы уагдоны сӕргълӕууӕг Наниты Игорь бафыста барамынд зынгсирвӕзтты ныхмӕ ӕдасдзинады фӕтктӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл, афтӕ ма уый ӕрдомдта сбӕрӕг кӕнын гоймӕгты, кӕцытӕ барӕй ссудзынц хус кӕрдӕг.

"Нӕй гӕнӕн, ӕмӕ ӕнӕхъӕн республикӕйы уыййас зынгсирвӕзттӕ ӕрцӕуа ӕнӕ адӕймаджы аххосӕй. Хъӕуы ауадзын лӕмбынӕг басгӕрст цауты фӕдыл, сбӕрӕг кӕнын зынгсирвӕзтты аххосӕгтӕ ӕмӕ ӕрбаздахын аххосджынты бӕрнмӕ", - банысан кодта Наниты Игорь.
Зынгсирвӕзт Цхинвалы цур бырондоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рахызтысты фӕтыхджындӕргонд режиммӕ: Хуссар Иры УУМ зынгсирвӕзтты уавӕры тыххӕй

Министр бахахх кодта, зынгфӕдисон къордтӕн арӕх сӕ бон кӕй нӕ вӕййы рӕстӕгыл бацӕуын арты гуырӕнтӕм. Уый фӕдыл хъӕуы гӕрӕн скӕнын зынгсирвӕзты территори, цӕмӕй сӕрмагонд техникӕйӕн фадат уа бацӕуынӕн.

Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ къуырийӕ фылдӕр хуыссын кӕнынц зынгсирвӕзттӕ республикӕйы районты – сӕйраджыдӕр, судзы хус кӕрдӕг быдырты, афтӕ ма хъӕд дыууӕ районы: Ленингор ӕмӕ Дзауы. Ӕртыццӕджы зынгсирвӕзт фӕзынд хъӕбӕр ӕвзарӕнты полигоны дӕр Цхинвалы цӕгаттаг хайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0