Райтынг сты: Владимир Путин Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Иры ахастыты тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОУӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахӕдты сӕргълӕуджыты радон фембӕлд нывонд у дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фарстытӕн, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн

ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин банысан кодта уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты райрӕзты позитивон динамикӕ ӕмӕ базайрӕгты ӕрзылды фӕфылдӕр ивгъуыд азы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

"Иумӕйагӕй дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ахастытӕ ноджы райтынг сты. Фарон аз фӕфылдӕр базайрӕгты ӕрзылд", - загъта Путин майрӕмбоны Кремлы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

© Пресс-служба президента РЮОУӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд
Райтынг сты: Владимир Путин Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Иры ахастыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд

"Инвистицион программӕ, кӕцыйы бӕрцуат уыд 4,27 миллиард сомы, сӕххӕст кодтой. Зонын ӕй, дӕумӕ хъуыдытӕ кӕй ис республикӕ дарддӕр размӕ кӕныны фӕдыл", - бафтыдта Уӕрӕсейы президент.

Бибылты Анатолий загъта бузныг Владимир Путинӕн фембӕлд ауадзыны тыххӕй. Уый банысан кодта, фӕстаг дыууӕ азы инвестпрограммӕ ӕнӕхъӕнӕй кӕй сӕххӕст кодтой: 2019 азы – 97%, 2018 азы – 100%. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ уый у УФ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрад ӕмӕ президенты администрацийы ӕмархайды фӕстиуӕг.

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ нӕ ӕмархайды руаджы мах срӕвдз кодтам ацы куыст, сӕйраджыдӕр, ауагътам ахсджиаг куыст бюджет саразыны хъуыддаджы. Цы хӕслӕвӕрдтӕ нын уыд, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодтам", - банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент.
© Пресс-служба президента РЮОУӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд
Райтынг сты: Владимир Путин Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Иры ахастыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд

Афтӕ ма Бибылты Анатолий раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн ПӔК сӕвзӕрды афӕдзы боны цытӕн.

Ацы фембылд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы лидертӕн уыд фӕндзӕм. Фыццаг хатт Бибылты Анатолий ӕрдзырдта Владимир Путинимӕ дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстадыл 2017 аз 2 майы Сочийы. Уыцы аз ноябры Хуссар Ирыстоны президент ацыд Мӕскуымӕ официалон балцы, кӕцыйы фӕлгӕтты ауагъта баныхас йӕ уӕрӕсейаг коллегӕимӕ.

Ӕртыккаг фембӕлд ацыд 2018 азы 24 августы, кӕцы уыд нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад Уӕрӕсейы рдыгӕй банымайыныл 10 азы сӕххӕсты цытӕн. Цыппӕрӕм хатт президенттӕ фембӕлдысты 5 марты 2019 азы.

© Пресс-служба президента РЮОУӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд
Райтынг сты: Владимир Путин Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Иры ахастыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд
Ног хабӕртты лентӕ
0