Арæзтады министрады радзырдтой, кæд скусдзæн Цхинвалы сæйраг фонтан

© Про-Микс СтройАрæзтады министрады радзырдтой кæд скусдзæн сæйраг фонтан
Арæзтады министрады радзырдтой кæд скусдзæн сæйраг фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы сæйраг фонтан хъуамæ скуса 1 майы, фæлæ йын уый размæ дæр сараздзысты фæлварæн скуыст, загътой министрады

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уалдзæджы кæрон Цхинвалы Театралон фæзуаты скусдзæн столицæйы сæйраг фонтан. Егъау гидротехникон арæзтадæн фæлварæн скуыст нысан æрцыд апрелы астæумæ, фехъусын кодта Sputnik арæзтады министрады пресс-секретарь Тедеты Алена.

Фонтаны арæзтадон куыстытæн хицæнгонд æрцыд 23 милуан сомы. Куыстытæ уадзы Нардуатон фирмæ "Про-Микс".

"Лыстæг куыстытæ ма баззад, зæххы бын аразинаг цы уыд, уыдон æрцыдысты æххæст. Ныридæгæн ма кусджытæ æвæрынц йæ уæлцъары плиткæ æмæ хызæг. 20 апрелы фæнд кæнæм фæлварæн скуыст саразын.1 майы 2020 азы Цхинвалы сæйраг фонтан хъуамæ скуса", - загъта Тедеты Алена.
Сур фонтаны Эскиз Цхинвалы Театралон фæзуатыл   - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сур фонтаны" ног цард: Цхинвалы сæйраг фæзуаты та бавнæлдтой арæзтадмæ

Цхинвалы сæйраг фонтаны арæзтадæн ис дæргъвæтин истори - йæ алыварс ныхас æхсæнады æмæ социалон хызæджы цыд бирæ æзты дæргъы – иутæ æнхъардтой бахъахъхъæнын фонтан йæ раздæры хуызы. Фæстагмæ æрлæууыдысты нырыккон "сур" фонтаныл. 

2016 азы кæронмæ Цхинвалæн ныфс дæттой саразын Цæгат Кавказы иууыл рæсугъддæр фонтан. Арæзтад бахæс кодтой цæгатирыстойнаг фирмӕ "Промикс"-æн. Фæлæ та фæстæдæр йæ арæзтад фестад татарстайнаг фирмæйы дæлбар, фонтан та кусгæйæ федтой æрмæстдæр фæлварæны рæстæджы.

Театралон фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аразджытӕ ногӕй бавнӕлдтой фонтаны арӕзтадмӕ Цхинвалы: сӕ куыст сын басгӕрста премьер

Цхинвалы театралон фæзуат сæрибар никуы уыд — ам ивгъуыд рӕстӕджыты уыд цыртытæ советон фæтæгтæ Ленин æмæ Сталинæн, фæстæдæр та дзы арӕзт ӕрцыд фонтан.

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзтӕй фæстæмæ фонтан  стæм хатт рухс кодта цӕрджыты зæрдæтæ йе 'хсæрдзæнтæй — фонтан-иу баиу кодтой ӕрмӕстдӕр паддзахадон бæрæгбонты рæстæджы, сабитæ-иу систой йæ разы къамтæ æмæ та-иу изæрмæ фонтан басур. 2006 азæй фæстæмæ та хæлд фонтан сыгъд театры бæстыхайимӕ иумæ раууаты хуыз дæттой горæты центрæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0