Ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрсты бон Хуссар Иры байгом уыдзӕн ӕвзарӕн фадыг

© Sputnik / Наталья АйриянӔппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрсты бон Хуссар Иры байгом уыдзӕн ӕвзарӕн фадыг
Ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрсты бон Хуссар Иры байгом уыдзӕн ӕвзарӕн фадыг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕлӕсӕппӕрст ацӕудзӕн 22 апрелы, хайад райсыны бар дзы уыдзӕн республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн, кӕцытӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгад

ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы минӕварады Хуссар Ирыстоны байгом уыдзӕн ӕвзарӕн фадыг, кӕцыйы уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕн уыдзӕн фадат хайад райсын ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрсты бӕстӕйы конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл, хъусын кӕны РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад.

Амйӕразмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрст снысан кӕныны тыххӕй конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл 22 апрельмӕ.

"Хъӕлӕсӕппӕрст ауадзынӕн уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты хсӕн, кӕцытӕ цӕрынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл, Уӕрӕсейы Федерацийы минӕварады Республикӕ Хуссар Ирыстоны бакӕндзысты ӕвзарӕн фадыг", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Минӕварады адрес: горӕт Цхинвал, Цоциты Василийы уынг, 2 хӕдзар.

Уӕрӕсейы Федерацийы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахиздзысты сӕ тыхы, ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрсты сӕ хорзыл куы банымайой ӕмбӕстӕгты ӕрдӕг хайӕ фылдӕр, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0