Бибылты Анатолий бахӕс кодта саразын ног программӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ зонады райрӕзтæн

© Sputnik / Natalia AiriyanБибылты Анатолийы ныстуан Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ парламентмӕ
Бибылты Анатолийы ныстуан Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ парламентмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент хорз саргъ кодта 2016-2017 ӕзты ирон ӕвзаджы райрӕзты программӕйы реализацийӕн

ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. Мадӕлон ӕвзаг бавӕрыны нысанӕн президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта саразын ирон ӕвзаджы райрӕзты ног программӕ.

РХИ хицауады хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент бахæс кодта ФХМ бакусын Хуссар Иры æддагон политикæйы концепцийыл

Уый размӕ президент фехъусын кодта, республикӕйы къухдариуӕгад алцыдӕр кӕй сараздзӕн, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕна мадӕлон ӕвзаджы нысаниуӕг ӕмӕ ӕндӕвдад – куыд ӕхсӕнады, афтӕ паддзахадон ӕмвӕзадыл дӕр. Паддзахады сӕргълӕууӕг хорз саргъ кодта 2016-2017 ӕзты ирон ӕвзаджы райрӕзты программӕйы реализацийӕн.

"Зонад-иртасӕн институт хъуамӕ азы фӕудмӕ сараза националон ӕвзаджы райрӕзты ног паддзахадон программӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Ног программӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн ӕртӕ азмӕ.

© Sputnik / Natalia AiriyanБибылты Анатолийы ныстуан Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ парламентмӕ
Бибылты Анатолий бахӕс кодта саразын ног программӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ зонады райрӕзтæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийы ныстуан Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ парламентмӕ

Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта Ахуырады министрадӕн 2020 азы ӕртыккаг кварталы кӕроны онг бавдисын зонады райрӕзты паддзахадон программӕйы проект.

Уымæй дардæр ма президент фидарӕй загъта, ацы аз кӕй сцалцӕг кӕндзысты Зонад-Иртасӕн институты разуынд, кӕцы бахъыгдард 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0