Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Уӕлахизы боны цытӕн рацӕудзысты парады Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянУӕлахизы бон
Уӕлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар ӕфсӕддон зылды службӕгӕнджытӕ балхынцъ кодтой Цӕгат Кавказы сӕ тренировкӕтӕ парадон ротӕтӕ ӕмӕ батальонты сконды Уӕлахизы Парадмӕ цӕттӕгӕнӕн куыстыты фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Хуссар ӕфсӕддон зылды (ХӔЗ) 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны столицӕйы Уӕлахизы боны цытӕн мадзӕлтты.

Цхинвал: Уæлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент загъта фиддонты бæрц, кæцытæ райсдзысты Хуссар Иры ветерантæ Уæлахизы юбилеймæ

Зылды пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ныридӕгӕн ХӔЗ парадон къордтӕ, кӕцыты сконды сты дыууӕ мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр, цӕттӕ кӕнынц бӕрӕгбоны цытӕн мадзӕлтты хайад райсынмӕ. Сӕ хайадистӕй парадтӕ ма ацӕудзысты Цӕгат Ирыстоны, Цӕцӕны, Дагестан ӕмӕ Мӕхъӕлы.

"Цӕгат Ирыстоны дислокацигонд 58-ӕм ӕфсады къордтӕ фесты сӕ тренировкӕтӕ парадон ротӕтӕ ӕмӕ батальонты сконды Уӕлахизы Парадмӕ цӕттӕгӕнӕн куыстыты фӕлгӕтты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цӕттӕкӕнынады радон этапы та уагъд ӕрцӕудзысты тренировкӕтӕ мотоӕхсӕн бригадӕты гарнизонӕн. Парадты хайад райсыны фӕдыл тренировкӕтӕ Дзӕуджыхъӕуы Сӕрибары фӕзуатыл уагъд цӕудзысты 28 апрелы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0