Хуссар Иры карантиныл сӕхгӕдтой ноджы цалдӕр объекты

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстон карантиныл
Хуссар Ирыстон карантиныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног арӕнӕвӕрдтӕ ист ӕрцыдысты хицауады рабадтыл ӕртыццӕджы, кӕцы ацыд президенты сӕрдариуӕгадӕй

ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хъуамӕ рӕстӕгмӕ сӕ куыст ӕруромой уазӕгдӕттӕ ӕмӕ санаторийтӕ, афтӕ ма цардуагон лӕггӕдты объекттӕ иууылдӕр.

Таможнæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад арæнæвæрдтæ бакодта Уæрæсемæ ацыдæн

Хуссар Ирыстоны министрты кабинет ӕртыццӕджы бахаста барастгӕнинӕгтӕ коронавирусы ныхмӕ мадзӕлтты фӕдыл уынаффӕмӕ. Хицауад аскъуыддзаг кодта сӕхгӕнын карантиныл ноджы къорд объектты.

Сӕ куыст хъуамӕ рӕстӕгмӕ ӕруромой уазӕгдӕттӕ, санаторийтӕ, хӕдтулгӕты цалцӕггӕнӕн ӕрмӕдзтӕ, цардуагон лӕггӕдты объекттӕ, се хсӕн ательеттӕ ӕмӕ дзабырхуыйджытӕ дӕр.

Афтӕ ма хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ арендатортӕ карантины рӕстӕгмӕ сӕрибар ӕрцӕудзысты арендӕйон фиддонтӕй. Посты ӕмӕ банчы кусджытӕ та ӕнӕаргъӕй хӕдзӕрттӕм хӕсдзысты цӕрджыты пенситӕ.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бахӕс кодта бакусын мадзӕлттыл Уӕлвӕткон уавӕр расидыны рӕстӕджы

Рабадты рӕстӕджы ма президент бахӕс кодта бакусын сӕрмагонд мадзӕлттыл, кӕцытӕ ист цӕудзысты Уӕлвӕткон уавӕры режимы баконды рӕстӕджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 860 мин адӕймаджы 180 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 41,6 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Фыццаг дыууæ фæрынчынуæвæджы тыххæй æртыццæджы фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0