Хуссар Иры хицауад фехъусын кодта ӕмбӕстӕгты категоритӕ, кӕцытӕн ис бар цӕуын республикӕйӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой дыууӕ бӕстӕйы хицауадты скъуыддзагмӕ гӕсгӕ. Цӕуыны бар уыдзӕн ӕрмӕстдӕр кӕцыдӕр категориты ӕмбӕстӕгтӕн

ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕххӕст кӕны ног мадзӕлттӕ коронавирусы ныхмӕ. Хицауад арӕнӕвӕрдтӕ бакодта уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕны сӕртыл хизыныл. Арӕнӕвӕрдтӕ сӕ тыхы бахиздзысты цыппӕрӕмы, дыккӕгӕм апрелы, ӕмӕ уыдзысты сӕрмагонд барамынды онг. Скъуыддзаг рахастой хицауады рабадтыл ӕртыццӕджы.

Таможнæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад арæнæвæрдтæ бакодта Уæрæсемæ ацыдæн

Арӕны сӕртыл рахизыны бар уыдзӕн Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ ӕрыздӕхынц республикӕмӕ. Фӕлӕ уыдон хъуамӕ ӕнӕмӕнг уой хисӕрмагонд изоляцийы дыууӕ къуырийы дӕргъы.

Афтӕ ма арӕны уылты хиздзысты шофыртӕ, кӕцытӕ ласынц ӕхсӕнадӕмон уӕзтӕ, паддзахадон органтӕ ӕмӕ экстренон службӕты кусджытӕ, кӕцыты ӕрвитынц командировкӕйы, афтӕ ма дипломатон службӕты кусджытӕ, кӕцытӕ аккредитацигонд сты Хуссар Ирыстоны.

Хицауады уынаффӕ ма не ‘ндавы уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ арӕн хъахъхъӕнджытыл, кӕцыты ӕрвитынц службӕйон командировкӕты.

Арӕны уылты хизыны бар ис ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцыты Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕрвиты хос кӕнынмӕ Уӕрӕсемӕ.

Уӕлвӕткон уавӕрты министрад Югосетпотребнадзоримӕ иумӕ дезинфекци кӕндзысты уӕзласӕн автотранспортон фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ цӕуынц республикӕмӕ уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг-Рукъ"-ы уылты.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бахӕс кодта бакусын мадзӕлттыл Уӕлвӕткон уавӕр расидыны рӕстӕджы

Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ) та хъуамӕ фехъусын кӕна Уӕрӕсейы ӕмбӕлон органтӕн ацы скъуыддзаджы фӕдыл.

Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕмӕ коронавирус COVID-19 ма ‘руадзыны фӕдыл. Арӕнӕвӕрдтӕ уыдзысты 13 апрелы онг.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0