Уӕрӕсейӕгтӕн фадат ис ацӕуын Хуссар Ирӕй сӕрмагонд фӕткмӕ гӕсгӕ

© Sputnik / Nataliya AiriyanУӕрӕсеимӕ арӕн
Уӕрӕсеимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг дипломатон миссийы радзырдтой, кӕмӕн ӕмӕ цы уавӕрты ис бар хизын арӕны уылты карантины рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ нӕ ацыдысты Хуссар Ирыстонӕй арӕн сӕхгӕныны тыххӕй, уыдзӕн фадат ацӕуын республикӕйӕ сӕрмагонд фӕткмӕ гӕсгӕ, загътой Sputnik уӕрӕсейаг минӕварады.

"Хицауады уынаффӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл нӕ хауы уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонтӕм ӕмӕ арӕн хъахъхъӕнджытӕм. Фӕлӕ уыдон дӕр цӕуынц сӕрмагонд барамындмӕ гӕсгӕ, командировкӕйы кӕнӕ та ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады фӕдыл. Скъуыддзаг рахӕссынц командӕгӕнджытӕ", - банысан кодтой дипминӕварады.

Уый хауы минӕварады кусджытӕм дӕр – уыдон хизынц арӕны уылты ӕрмӕстдӕр ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады фӕдыл.

Гаглойты Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сарӕзтой ноджы 12 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй

Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ баззадысты республикӕйы арӕн сӕхгӕныны рӕстӕджы, фадат ис бадзурын минӕварадмӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕной ацӕуын республикӕйӕ. Фӕлӕ уый хауы ӕрмӕстдӕр уӕрӕсейӕгтӕм, кӕцытӕн нӕй хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгад.

"Махмӕ арӕх бадзурынц Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ цалдӕр бонмӕ ӕмӕ бахаудтой уӕззау уавӕры арӕн сӕхгӕныны тыххӕй", - радзырдтой минӕварады.

Дипломатон миссийы аразынц ӕмбӕстӕгты номхыгъдтӕ ӕмӕ сӕ барвитынц хуссарирыстойнаг Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ (ФХМ). Уым сбӕрӕг кӕндзысты, ис адӕймагмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгад ӕви нӕ. Кӕд сӕм разына, уӕд сӕ нӕ рауадздзысты республикӕйӕ.

"Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн фадат ис ацӕуын Хуссар Ирӕй сӕрмагонд фӕткмӕ гӕсгӕ", - бафтыдтой дипломатон миссийы.

Хуссар Ирыстоны ныридӕгӕн не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Дыццӕджы президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрлеьмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад сабаты бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн кӕронмӕ сӕхгӕдтой 12 апрелы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0