Цхинвалы фервӕзын кодтой сывӕллоны, кӕцы фӕхъӕстӕ ис газӕй

© Sputnik / Наталья АйриянТагъд ӕххуысы хӕдтулгӕ
Тагъд ӕххуысы хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллоны цыппӕрӕмы изӕры реанимацимӕ куы бакодтой, уӕд йӕ уавӕр уыд уӕззау, фехъусын кодтой УУМ

ЦХИНВАЛ, 17 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 12-аздзыд сывӕллоны бакодтой реанимацимӕ уӕззау уавӕры газӕй фӕхъӕстӕйы фӕстӕ, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).

Игорь Гальы хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сгарджытæ фехъусын кодтой уæрæсейаг уынаффæгæнæг цы газы сыгъдхъæстæйæ амард, уый гуырæн

Цау ӕрцыд столицӕйы Гӕззаты Вадимы уынгыл, хъусинаг радгӕсон хайадмӕ ӕрбацыд цыппӕрӕмы 21.00 сахатмӕ ӕввахс. Лӕппуйы уайтагъд аластой рынчындонмӕ, йӕ уавӕр уыд уӕззау. Иу сахаты фӕстӕ сывӕллон ӕрчъицыдта, банысан кодтой УУМ. Ныртӕккӕ лӕппуйы уавӕр у рӕстӕмбис.

Уӕлвӕткон уагдоны бафтыдтой, газӕй фӕхъӕстӕйы аххосаг уыд, ваннӕйы дон хъармгӕнӕн колонкӕ раст ӕвӕрд кӕй нӕ уыд, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0