Бибылты Анатолий бахӕс кодта райсын хъусдардмӕ базайрӕгты ӕргъты фӕфылдӕр

Рафыссын
Амалиуӕггӕнджытӕ гӕр тынг куы фылдӕр кӕной ӕргътӕ, уӕд республикӕмӕ базайрӕгтӕ ласын райдайдзӕн паддзахад, фехъусын кодта президент

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Коцты Анна. Хуссар Ирыстоны экономикӕйы министрад йӕ хъус ӕрдардзӕн республикӕйы базарадон объектты ӕргъты фӕфылдӕрмӕ. Бибылты Анатолий ахӕм хӕслӕвӕрд радта вице-премьер - экономикон райрӕзты министрады сӕргълӕууӕг Бекъойты Геннадийӕн.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чысыл бизнесы хурныгуылд: Хуссар Иры амалиуӕггӕнджытӕ хъаст кӕнынц карантинӕй

"Басгӕрст ӕрмӕст ӕмбӕстӕгтӕ бадзырдтӕй хъуамӕ ма уадзой. Махмӕ ис фаг паддзахадон службӕгӕнджытӕ, кӕцытӕн ис фадат сгарын фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады базайрӕгты ӕргътӕ", - загъта Бибылты Анатолий коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штабы рабадтыл.

Оперативон штабы рабадтыл ӕрдзырдтой хӕлцадон продукттӕ, халсартӕ ӕмӕ дыргъты ӕргъты фӕфылдӕрыл.

"Таможнӕйон комитет 25 апрелы онг бавдисдзӕн информаци республикӕмӕ фӕстаг мӕйы базайрӕгты цас бӕрцуат ӕрбаластой, уый тыххӕй. Кӕд базарадон объектты ӕргътӕ барӕй фӕфылдӕр кодтой, уӕд мах паддзахадон фӕрӕзтӕй балхӕндзыстӕм базайрӕгтӕ иу мӕйы фаг ӕмӕ сӕ ӕрласдзыстӕм республикӕмӕ – афтӕмӕй мах райсдзыстӕм хъусдарды бынмӕ ӕргъты фӕфылдӕр", - загъта Бибылты Анатолий.

Экономикӕйы министрадӕй дарддӕр хӕлцадон продуктты ӕргътӕ мониторинг кӕндзӕн республикӕйы прокуратурӕ дӕр.

Абоны бон амалиуӕггӕнджыты нымӕц, кӕцытӕ ласынц алыгъуызон базайрӕгтӕ республикӕмӕ, хицауад рӕстӕгмӕ фӕкъаддӕр кодта. Базайрӕгтӕ чи ласы, уыдон иууылдӕр раздӕр райстой официалон барлӕвӕрд хицауадӕй. Ахӕм амалиуӕггӕнджыты нымӕц схызт 11-ӕй 30 адӕймаджы онг. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады арӕнгӕрон службӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 19 апрелы райсом 8.00 сахатӕй 20 апрелы райсом 8.00 сахатмӕ республикӕмӕ ӕрбахызт автотранспорты 16 иуӕджы, уыдонӕй 14 ӕрластой алыгъуызон базайрӕгтӕ.

Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0