Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой "диверсантты" горӕтон уавӕрты

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой "диверсантты" горӕты уавӕрты
Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой диверсантты горӕты уавӕрты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой "диверсантты" горӕты уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 58-ӕм ӕфсады уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддон полицийы дӕлхайӕдтӕ скуынӕг кодтой дзырдӕй диверсантты горӕты уавӕрты.

В Южной Осетии Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйыроссийскую военную базу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы

Тактикон-сӕрмагонд ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддонтӕ пайда кодтой горӕтон объекттӕй ӕхсыны позицитӕ сорганизаци кӕныны нысанӕн, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон базӕйы пресс-службӕ.

"Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддон полицийы дӕлхайӕдтӕ спайда кодтой ныры тактикон фадӕттӕй цӕрӕг пункты хӕсты уавӕрты. Афтӕ ма пайда кодтой алыгъуызон сӕрмагонд фӕрӕзтӕй, кӕцытӕ ис ӕфсӕддон полицимӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма ахуыртӕн сарӕзтой уавӕр, кӕцы уыд ӕввахс хӕстонмӕ – пайда кодтой имитацийы фӕрӕзтӕй, сӕ нымӕцы фӕздӕг ӕмӕ ӕфсӕддон полицийы сӕрмагонд автомобилон техникӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0