Милици сгары базайрӕгты ӕргътӕ Хуссар Иры дуканитӕ ӕмӕ афтекты

© МВД РЮОМилици сгары базайрӕгты ӕргътӕ Хуссар Иры дуканитӕ ӕмӕ афтекты
Милици сгары базайрӕгты ӕргътӕ Хуссар Иры дуканитӕ ӕмӕ афтекты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта хъус ӕрдарын республикӕйы базайрӕгты ӕргъты фӕфылдӕрмӕ

ЦХИНВАЛ, 23 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) экономикон фыдракӕндтимӕ тохы хайады кусджытӕ уадзынц ӕргъты мониторинг республикӕйы дуканиты. Амӕйразмӕ ӕмбӕлон хӕслӕвӕрд радта йӕ кусджытӕн мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь.

Бибылты Анатолий бахӕс кодта райсын хъусдарды бынмӕ базайрӕгты ӕргъты фӕфылдӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бахӕс кодта райсын хъусдардмӕ базайрӕгты ӕргъты фӕфылдӕр

Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй мадзӕлтты рӕстӕджы барадхъахъхъӕнджытӕ не сбӕрӕг кодтой продукттӕ ӕмӕ хосты ӕргъты ӕнӕзаконон фӕфылдӕры цаутӕ.

Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрад сбӕрӕг кодта, фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады продуктты ӕргътӕм бафтауын ис гӕнӕн 20% онг, медикаментты ӕргътӕм та 10% онг. Афтӕ ма афтекты хицӕуттӕн фехъусын кодтой административон бӕрны тыххӕй ӕргъты барӕй фӕфылдӕры фӕдыл.

Министрады банысан кодтой, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн сӕ бон у фехъусын кӕнын продукттӕ ӕмӕ хосты ӕргъты фӕфылдӕры цауты тыххӕй экономикон фыдракӕндтимӕ тохы хайадмӕ ацы номыртӕм: 45-15-52.

Къуырисӕры президент Бибылты Анатолий коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штабы рабадты рӕстӕджы бахӕс кодта хъус ӕрдарын республикӕйы продуктты ӕргътӕм. Президент банысан кодта, ӕргътӕ барӕй куы фылдӕр кӕной, уӕд паддзахад йӕхӕдӕг ласдзӕн базайрӕгтӕ республикӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0