Хъахъхъӕнынады министрады радзырдтой, кӕд райдайдзӕн уалдзыгон ӕрсидт Хуссар Иры ӕфсадмӕ

© Пресс-служба МОУалдзыгон ӕрсидт
Уалдзыгон ӕрсидт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъӕнынадон уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ӕххӕст цӕуынц профилактикон мадзӕлттӕ коронавирусы пандемийы фӕдыл, кӕцытӕ бандӕвтой ӕрсидты процессыл дӕр

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 4 майы райдайдзӕн уалдзыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ, уый уагъд цӕудзӕн сӕрмагонд уавӕрты коронавирусы пандемийы фӕдыл. Ӕрсидты датӕ фехъусын кодтой Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагим ӕмӕ республикӕйы Гарзджын тыхты къухдариуӕгады рабадтыл, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Марты кӕрӕтты президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд республикӕйы ӕмбӕстӕгты ӕрсидты фӕдыл ӕфсадмӕ. Амӕйразмӕ хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Ӕлборты Игорь фехъусын кодта Sputnik, кӕй нывӕндынц ӕрсидын сӕдӕ адӕймагмӕ ӕввахс.

"Инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим басгӕрста уалдзыгон ӕрсидты кампани ауадзыны цӕттӕдзинад. Министры хӕдивджытӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон гоймӕгтӕ фехъусын кодтой ӕвзонг фӕлтӕр райсынмӕ цӕттӕдзинады тыххӕй. Уагдоны ис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕ ӕрсиддонтимӕ ӕвзонг ӕфсӕддоны программӕ рацӕуыны фӕдыл", - банысан кодта Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, министры сӕйраг хъусдард здӕхт у ӕрсиддонты хсӕн COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзынмӕ.

Ӕрсидты кампани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райдыдта уалдзыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ

"Ӕвзонг ӕфсӕддоны программӕмӕ гӕсгӕ цӕттӕкӕнынадмӕ ӕрвитдзысты ӕрсиддонты, кӕцыты ӕнӕниздзинадмӕ зӕрдӕ не ‘хсайы. Мӕйы дӕргъы ротӕйы сизоляци кӕндзысты Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры, уым уагъд цӕудзысты дезинфекцион мадзӕлттӕ, ӕххӕст цӕудзӕн карантинон режим", - бафтыдта уый.

Гарзджын тыхты ӕфсӕддон службӕмӕ ӕрсидтысты 18-27 азы кары ӕмбӕстӕгтӕм. Республикӕйы ӕфсӕддон комиссариаттӕ ивгъуыд къуыри райдыдтой ӕрвитын ӕрсидты фӕдыл гӕххӕттытӕ ӕмбӕстӕгтӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0