Къуаисамӕ фӕндаджы арӕзтад балхынцъ уыдзӕн азы кӕронмӕ – Хуссар Иры Комавтодоры сӕрдар

© Sputnik / Алексей КовалевГуфта-Къуаиса фӕндаг
Гуфта-Къуаиса фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз фӕндагон службӕтӕ баиу кӕндзысты трассӕйы дыууӕ фадыджы

ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Гуфта-Къуаиса фӕндагыл уагъд цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ – исынц зӕххцъар ӕмӕ уадзынц доны хӕтӕлтӕ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Гуыззыттаты Эдуард.

Дзауы районы бавнӕлдтой дыууӕ ног бирӕуӕладзыгон хӕдзары арӕзтадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы бавнӕлдтой дыууӕ ног бирӕуӕладзыгон хӕдзары арӕзтадмӕ

Фӕндаджы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ райдыдтой 2017 азы. Иу азмӕ фӕндагон службӕтӕ сцалцӕг кодтой трассӕйы фадыг Хъемултайы хъӕуы онг. Арӕзтады дыккаг этап уагъд цыд 2018 азы, куыстытӕ райдыдтой горӕт Къуаисайы рдыгӕй. Асфальт сӕвӕрдтой Кӕсагджыны хъӕуы онг. Ацы аз кусджытӕ баиу кӕндзысты асфальтӕй ацы дыууӕ фадыджы ӕмӕ трассӕ цӕттӕ уыдзӕн эксплуатацимӕ.

"2020 азы февралы райдыдта Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтады ӕртыккаг, кӕронбӕттӕн этап. Ацы аз асфальт кӕндзысты 15 километрмӕ ӕввахс. Ныртӕккӕ автотрассӕйыл уагъд цӕуынц зӕххон куыстытӕ, уадзынц доны хӕтӕл. Асфальт ӕвӕрын райдайдзыстӕм июлы райдайӕны", - радзырдта Гуыззыттаты Эдуард.

Уый банысан кодта, абоны бон объекты кӕй кусынц ӕртын адӕймагмӕ ӕввахс.

"Куыстытӕ нывӕндӕм балхынцъ кӕнын ацы азы кӕронмӕ", - банысан кодта Комавтодоры сӕрдар.

Гуфта-Къуаиса – у республикӕйы сӕйраг магистральтӕй сӕ иу. Йӕ дӕргъ у 40 километры. Фӕндаджы арӕзтад бахастой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Инвестицион программӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0