Ӕнусы цыппӕрӕм хай: газет "Республика" нысан кӕны йӕ юбилей

© Sputnik / Плиты Фатимæ Газеттæ
Газеттæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылкъуырион мыхуыры фӕрӕз ӕхсӕнады хъусдард здахы ахсджиаг фарстытӕм, хъӕзныг у историон цауты фӕдыл ӕрмӕгӕй, йӕ уацты фӕстиуӕгӕн скъуыддзаг цӕуынц ӕхсӕнадон царды лыггӕнинаг фарстытӕ

ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл популярондӕр фӕсивӕдон газет "Республика" нысан кӕны йӕ 25 азы юбилей.

Газет Республика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Газет "Республика" лӕвар кӕны ӕнӕаргъ рафыст Хуссар Иры ветерантӕн

Ӕрвылкъуырион мыхуыры фӕрӕз ӕхсӕнады хъусдард здахы ахсджиаг фарстытӕм, хъӕзныг у историон цауты фӕдыл ӕрмӕгӕй, йӕ уацты фӕстиуӕгӕн скъуыддзаг цӕуынц ӕхсӕнадон царды лыггӕнинаг фарстытӕ. Йӕ чысыл коллективы ис цыппар сгуыхт журналисты. Ацы фадыджы хицӕн ӕзты иууыл бӕрзонддӕр хорзӕхы аккаг баисты йӕ сӕйраг редактор Хъоцыты Андрей, журналисттӕ: Харебаты Батрадз, Хъуылымбегты Роберт ӕмӕ Зӕгъойты Рада.

Газеты популярондзинадыл дзурӕн у йӕ рафысджыты стыр нымӕц.

"Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, кӕцыты нывӕндӕм ауадзын хицауады ӕххуысы фӕрцы, аргъӕвтам фӕстӕдӕрмӕ. Иууыл фыццаг дӕр нӕм раст нӕ каст ирон адӕмы геноциды мадзӕлтты хӕдразмӕ бӕрӕгбон аразын, стӕй ма коронавирусы фӕдыл мадзӕлттӕ дӕр нӕ ныффӕстиат кодтой. "Республика" йӕ юбилей банысан кӕндзӕн фӕстӕдӕр", - загъта Sputnik газеты редактор Хъоцыты Андрей.

Газет "Республика"-йы фыццаг номыр рацыд уӕды рӕстӕджы спорты комитеты дӕлбар, йӕ ном уӕды рӕстӕджы хуынд "Молодежь Осетии", фылдӕр бӕрцӕй йӕ хъусдард здӕхт уыд спорт ӕмӕ фӕсивӕды тематӕм. Ӕвзонг фӕсивӕд арӕзтой газет, ӕгас коллективы уыдысты ӕртӕ адӕймаджы. Йӕ саразӕг ӕмӕ аразгӕ редакторыл уӕд цыд ӕрмӕст 21 азы. Газеты сгуыхтдзинадӕй ма иу у, йӕ дӕлбар кӕй срӕвдз кодтой чиныджы рауагъдад, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0