Хуссар Иры къухдариуӕгад адарддӕр кодта Уӕрӕсеимӕ арӕныл хизыны тобӕ 31 майы онг

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæТаможнӕйон пост
Таможнӕйон пост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый размӕ Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 1 майы онг

ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад цыппӕрӕмы райста уынаффӕ Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ адарддӕр кӕнын 31 майы онг коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй, фехъусын кодта республикӕйы президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны хицауад COVID-19 пандемийы тыххӕй райста уынаффӕ Уӕрӕсеимӕ арӕн 1 майы онг сӕхгӕныны фӕдыл.

"Хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ адарддӕр кӕндзыстӕм 31 майы онг", - загъта уый.

Хуссар Ирыстоны абоны бон нӕй коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Марты кӕрӕттӕй бӕстӕйы ис арӕнӕвӕрдтӕ COVID-19-ы ӕрбахызт ӕмӕ апарахаты нысанӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0