Ленингоры Стыр Фыдыбӕстон хӕсты мемориал цалцӕг кӕнынц Уӕлахизы бонмӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЛенингоры Стыр Фыдыбӕстон хӕсты мемориал
Ленингоры Стыр Фыдыбӕстон хӕсты мемориал  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленингоры районы райгуырд Советон цӕдисы хъайтар Сабанты Григорий. Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджытӕй ма ныр ам сӕрӕгас у ӕрмӕстдӕр Александр Миделашвили

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры поселочы централон парк, цы ран ис Стыр Фыдыбӕстон хӕсты цырт, хӕрзарӕзт цӕуы Уӕлахизы 75 азы юбилеймӕ. 

Ленингоры районы парк ӕвӕрд у поселочы тӕккӕ центры, ам ис культурӕйы хӕдзар дӕр. Улӕфӕн зонӕйы фидынц у Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дзӕнӕттаг хъайтарты мемориал.

Акци Горсть памяти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтары ингӕнӕй мӕр: Хуссар Иры Ленингоры районы ацыд акци "Горсть памяти"

"Парчы уагъд цӕуынц хӕрзарӕзтадон куыстытӕ, цалцӕг кӕнынц Стыр Фыдыбӕстон хӕсты мемориал. Уӕлахизы бонмӕ сӕ хъуамӕ ӕркӕнӕм ӕмбӕлон уагмӕ. Ӕмрӕстӕджы ма цалцӕг кӕнӕм Ленингоры районы администрацийы бӕстыхай дӕр", - загъта Sputnik районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады хистӕр Хуыгаты Василий.

Поселочы централон парчы фӕуадзынц хиирхӕфсӕн ӕмӕ нысаниуӕгджын мадзӕлттӕ. Азы райдайӕны ацы парчы ацыд зӕххы мӕр Уӕрӕсемӕ арвитыны цытджын церемони ӕппӕтуӕрӕсеон ӕфсӕддон-патриотикон акци "Горсть памяти"-йы фӕлгӕтты.

Ленингоры районы райгуырд Советон цӕдисы хъайтар Сабанты Григорий, Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджытӕй ма ныр ам сӕрӕгас у ӕрмӕстдӕр Александр Миделашвили.

Ног хабӕртты лентӕ
0