Хуссар Иры медиктӕ райстой хъахъхъӕнӕн костюмтӕ

© Photo : ИА "Рес"Хуссар Иры медиктӕ райстой хъахъхъӕнӕн костюмтӕ
Хуссар Иры медиктӕ райстой хъахъхъӕнӕн костюмтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр ӕрсидт ӕхсӕнадмӕ, цӕмӕй ма паникӕ кӕной республикӕйы COVID-19-ӕй фыццаг фӕрынчынуӕвджыты фӕзынды тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 7 мая – Sputnik, Коцты Анна. Хуссар Ирыстоны медицинон организацитӕ сифтонг кодтой хъахъхъӕнӕн костюмтӕй, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий. Республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад радта заказ БТК-4  куыстуатӕн, цӕмӕй сын саразой 300 хъахъхъӕнӕн костюмы медицинон кусджытӕн.

"Костюмты фыццаг хай ныридӕгӕн сцӕттӕ кодтой БТК-4 куыстуаты ӕмӕ сӕ радтой медицинон организацитӕн", - загъта Тотчиты Георгий.

Ӕртыццӕджы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй фыццаг фӕрынчынуӕвджыты Хуссар Ирыстоны. Фыццаг рынчын у ӕнахъом лӕппу Цхинвалӕй, ноджы дыууӕ рынчыны та – мад ӕмӕ йӕ лӕппу сты Ленингоры районӕй. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр банымадта рынчынты уавӕр рӕстӕмбисыл.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвӕджы

"Ӕртӕ рынчыны изоляци сты инфекцион рынчындоны. Сӕ уавӕр у рӕстӕмбис. Уыдон иудадзыг сты медицинон персоналы хъусдарды бын", - загъта министр.

Афтӕ ма министр ӕрсидт ӕхсӕнадмӕ, цӕмӕй ма паникӕ кӕной.

"Республикӕйы медицинон уагдӕты цы ӕмбӕстӕгтӕн хос кӕнынц, уыдоны хиуӕттӕ хӕлцадон продукттӕ хъуамӕ дӕттой ӕрмӕстдӕр нывӕзтон графикмӕ гӕсгӕ", - загъта Тотчиты Георгий.

Хуссар Ирыстон ацы къуырийы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0