15 адӕймаджы: Хуссар Иры фӕфылдӕр коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
COVID-19 вирусӕй рынчынты иууылдӕр сбӕрӕг кодтой стационарон карантины уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 8 мая - Sputnik, Коцты Анна. Хуссар Ирыстоны 8 майы райсоммӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 15 фӕрынчынуӕвӕджы, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Фӕстаг суткӕмӕ коронавирусы уӕвынад сбӕрӕг кодтой цыппар адӕймагӕн", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчынтӕ иууылдӕр сты инфекцион рынчындоны дохтырты хъусдарды бын.

"Рынчынты уавӕр у рӕстӕмбис", - бафтыдта сӕйраг санитарон дохтыр.

Хуссар Иры коронавирусы тыххӕй фӕтыхджындӕр кӕндзысты хъусдард медицинон уагдӕттӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры коронавирусы тыххӕй фӕтыхджындӕр кӕндзысты хъусдард медицинон уагдӕттӕм

Хуссар Ирыстоны иумӕйагӕй карантины сты 244 адӕймаджы, уыдонӕй Цхинвалы 188, районон рынчындӕтты та 56.

"Горӕты инфекцион рынчындоны карантины сты 33 адӕймаджы, республикон бирӕпрофилон медицинон центры – 134, уазӕгдон "Алан"-ы та 31 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.

Карантины уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕй 160 сты курсанттӕ. Иумӕйагӕй уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты ахуыр кӕнынц 270 курсантӕй фылдӕр Хуссар Ирыстонӕй. УФ Хъахъхъӕнынады министрады ахуыргӕнӕндӕтты ахуыр ӕмгъуыдӕй раздӕр куы фӕцис, уӕд Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад президенты барамындӕй сорганизаци кодта курсантты ӕрласт республикӕмӕ.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0