Хуссар Иры хъахъхъӕнджытӕ райсдзысты гуманитарон ӕххуыс

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæХӕлцадон продукттӕ
Хӕлцадон продукттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕстон архӕйдтыты ветерантӕн гуманитарон ӕххуыс раттыны скъуыддзаг баст у дунейы коронавирусы апарахатимӕ

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад президент Бибылты Анатолийы барамындмӕ гӕсгӕ бакодта гуманитарон ӕххуыс республикӕйы фӕцӕвуӕвджытӕн ӕххуысы фондӕн. Фонды сӕрдар Плиты Мӕдинӕ куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй хӕлцадон продуктты хуызы ӕххуыс райсдзысты республикӕйы хӕстон архӕйдтыты 207 хайадисӕджы.

"Продукттӕ уарын райдыдтам дыццӕджы. Фыццаг рады хӕлцад бахӕссӕм ампутацитимӕ инвалидтӕн хӕдзӕрттӕм. Иннӕтӕ сӕхӕдӕг хӕссынц сӕ тыхтонтӕ фондӕй", - радзырдта Плиты Мӕдинӕ.

Уый загъта бузныг республикӕйы къухдариуӕгадӕн, сӕйраджыдӕр президентӕн, фондмӕ ӕппынӕдзух хъусдарды тыххӕй.

© Фонд поддержки раненных РЮОФонды сӕрдар Плиты Мӕдинӕ
Хуссар Иры хъахъхъӕнджытӕ райсдзысты гуманитарон ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонды сӕрдар Плиты Мӕдинӕ

"Продукттӕ самал кӕныны ма нын баххуыс кодтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Сиукъаты Наира ӕмӕ президенты уынаффӕгӕнӕг Джуссойты Алан. Ахӕм ӕххуыс уыд тынг ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ацы ӕвзӕр дуджы, пандемийы уавӕрты", - бафтыдта фонды хистӕр.

1989-2008 ӕзты дӕргъы Хуссар Иры территорийыл хӕстон архайдтыты фӕстиуӕгӕн фӕцӕфуӕвджыты ӕмӕ инвалидты фонд кусы 2005 азӕй фӕстӕмӕ. Уӕд фонд уыд комитет "Мысӕн"-ы сконды. 2008 азы августы хӕсты фӕстӕ инвалидты нымӕц фӕфылдӕр, ӕмӕ уый фӕдыл сарӕзтой сӕхи организаци 2009 азы. Абоны бон йе сконды сты 207 адӕймаджы, кӕцытӕ фӕсахъат сты хӕстон архӕйдтыты фӕстиуӕгӕн.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0