Хуссар Иры ФХМ райдыдта исын документтӕ ӔАМПИ-мӕ бацӕуыны фӕдыл

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæӔАМПИ
ӔАМПИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иумӕйагӕй конкурсты руаджы бакалавриаты программӕтӕм ис 4 бынаты ӕмӕ магистратурӕйы программӕтӕм та 3 бынаты

ЦХИНВАЛ, 13 май - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ) райдыдта исын документтӕ Ӕхсæнадæмон ахастыты мæскуыйаг паддзахадон институты (ӔАМПИ) бакалавриат ӕмӕ магистратурӕмӕ. Ацы аз Уӕрӕсейы Федераци рахицӕн кодта республикӕйӕн 4 бынаты бакалавриаты программӕтӕм ӕмӕ 3 бынаты та магистратурӕйы программӕтӕм.

"Абитуриентты ӔАМПИ-йы бакалавриаты программӕтӕм ӕрвитдзысты ӕвзарӕн тесттӕм гӕсгӕ Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бындурыл", - дзырдӕуы уагдоны сайтыл.

Бакалавриаты программӕмӕ бацӕуыны фӕдыл ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документты пакеты хъуамӕ уа сӕрмагонд куырдиат равзӕрстгонд факультетимӕ, РХИ ӕмбӕстаджы паспорт, дыууӕ хуызджын къамы ӕмӕ астӕуккаг ахуырад райсыны фӕдыл аттестат.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ХИПУ ректор радзырдта иууыл популярондӕр дӕсниӕдты тыххӕй

Афтӕ ма, магистратурӕйы программӕтӕм бацӕуӕны фӕдыл ацы документтӕй дарддӕр бахъӕудзӕн ӔАМПИ-йы бакалавры диплом.

Ӕвзарӕн тестты рӕстӕг ӕмӕ бынаты тыххӕй уагдон фехъусын кӕндзӕн фӕстӕдӕр.

Хъусинаджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, документтӕ исдзысты кусӕгон бонты 10.00 сахатӕй 13.00 сахатмӕ ацы адресыл: горӕт Цхинвал, Хетӕгкаты Къостайы уынг, 1 хӕдзар. Документтӕ хъӕуы бадӕттын 2020 азы 22 майы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0