Хуссар Иры цæрджытæ сæ зæнæгæн фиддонтæ райсдзысты Уæрæсейы

© Sputnik / Ада БагианМады бон
Мады бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы паддзахадæй финансон æххуыс аххæсдзæн Хуссар Ирыстоны цæрджытыл, кæцытæн ис  уæрæсейаг æмбæстагад

ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны цæрджытæй уæрæсейаг æмбæстагад кæмæн ис, уыдонæн сæ бон у 16 азы кары онг сывæллæттæн райсын фиддонтæ. Фæрæзтæ райсыны фæдыл куырдиæттæ бадæттæн ис Паддзахадон лæггæдты сайтыл, науæд та Цæгат Ирыстоны Пенсион фонды  ууылты.

Уæрæсейы коронавирусы апарахаты рæстæджы бакодтой æххуыс дыууæ фадаты. Бинонтæ, цы ран хъомыл кæнынц æртæ азы кары онг сывæллæттæ, райсдзысты апрель, май æмæ июны фæйнæ фондз мин сомы, æртæ азæй 16 азы онг сабиты ныййарджытæ та райсдзысты иухаттон æххуыс 10 мины бæрц.

"Мах кусæм, куырдиæттæ хъæуы бадæттын Паддзахадон лæггæдты порталмæ, ахæм фадæттæй кæмæн нæ бантыса, уыдон та хъæуы бахатын Цæгат Ирыстоны пенсион фондмæ. Куырдиæттæ ис цæудзысты 1 октябрьмæ", - загъта Sputnik Цæгат Ирыстоны Пенсион фонды разамонæджы хæдивæг Федор Великий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы æмбæстæгтæн, кæцытæн арæны æхгæды аххосæй сæ бон нæу ныццæуын Уæрæсемæ, сæ бон у фæрæзтæ райсой банчы картæмæ.

"Паддзахадон лæггæдты порталы уылты куырдиæттæ сæ бон у бавдисын Хуссар Иры цæрджытæн, уыдонæн фадат ис фæрæзтæ райсын банчы картæмæ", - бафтыдта уый.

Мæйы райдайæны Уæрæсейы президент Владимир Путин йæ ныстуаны фехъусын кодта ацы ногдзинæдты тыххæй. Хæрзиуæг æххæссы æрмæст Уæрæсейаг æмбæстагад кæмæн ис, уыцы адæмыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0