Хуссар Иры ӔХМ: "сырх зонӕйы" ацыд сабыр ӕхсӕв

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртӕккӕ "сырх зонӕйы" ис 53 адӕймаджы – 30 рынчыны ӕмӕ медиктӕ, кӕцытӕ сӕм сӕ хъус дарынц

ЦХИНВАЛ, 15 мая — Sputnik, Козаты Диана. Коронавирусӕй рынчынтӕ, кӕцытӕ сты "сырх зонӕйы", сӕхи хатынц хорз, загътой Sputnik Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонорайыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты. Медиктӕ фидарӕй загътой, рынчынтӕ иууылдӕр кӕй уыдысты карантины.

"30 пациенты уавӕр у стабилон. Уыдонмӕ ис чысыл температурӕ - 37,2 – 37,5 градусы. Ӕххӕст сын кӕнынц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕххуыс. Медицинон уагдӕтты нӕй хостӕ ӕмӕ сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзты цухдзинад", - баныфсӕвӕрдтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Уагдоны банысан кодтой, ныртӕккӕ "сырх зонӕйы" кӕй ис 53 адӕймаджы – 30 рынчыны ӕмӕ медиктӕ, кӕцытӕ сӕм сӕ хъус дарынц. Медицинон кусджытӕ уым хъуамӕ арвитой авд боны, уый фӕстӕ уырдӕм бацӕудзӕн дохтырты ӕндӕр сменӕ.

Курсанттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрыздӕхтысты ноджы 14 курсанты: уыдон сты карантины

Амӕйразмӕ республикӕмӕ Мӕскуыйӕ ӕрырвыстой гуманитарон ӕххуысы дыууӕ парти, кӕцыты уыдысты хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ ӕмӕ рӕуджыты вентиляцийы аппаратты хардзгӕнӕн ӕрмӕджытӕ.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0