Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министр басгӕрста ӕфсӕддонты мобилизацион цӕттӕкӕнынад

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддонты мобилизацион цӕттӕкӕнынады фарстытыл ӕрдзырдтой республикӕйы Гарзджын тыхты къухдариуӕгады фембӕлды рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 19 мая -  Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим радта хӕслӕвӕрдтӕ ӕфсады дӕлхайӕдты активон ӕмархайды фӕдыл, кӕцытӕ дзуапп дӕттынц республикӕйы Гарзджын тыхты мобилизацион цӕттӕкӕнынадӕн.

НАТО Гуырдзыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъахъхъӕнынады министр фехъусын кодта Хуссар Иры ӕдасдзинады сӕйраг ӕртхъирӕнтӕ

Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, уагдоны сӕргълӕууӕг ногӕй фехъусын кодта сӕйраг мадзӕлтты тыххӕй, кӕцытӕ нывӕндынц ауадзын ахуырты сӕрдыгон периоды.

"Куысты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой ӕмбӕстӕгты хыгъдыл ӕвӕрыны процедурӕты фӕдыл архайды дарддӕры здӕхтытӕ, афтӕ ма горӕты ӕмӕ районон администрацитимӕ ӕмархайд ацы фарсты фӕдыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хъахъхъӕнынадон уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, Гарзджын тыхты къухдариуӕгад стыр хъусдард здахы мобилизацион цӕттӕкӕнынады фарстытӕм, сӕйраджыдӕр, националон ӕфсады реформӕ ауадзыны фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0