Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусы тестты ног фӕстиуджытӕ

© Sputnik / Павел Кононов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хусссар Ирыстоны иумӕйагӕй ауагътой коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл иу мин тестӕй фылдӕр, дохтыр хъусдарды бын сты 213 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 21 май -  Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногӕй не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты, ацы цифрӕ нӕ ивы ивгъуыд хуыцаубонӕй фӕстӕмӕ, загъта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантины кӕронмӕ: Хуссар Иры банкы ӕфстауджынтæн адарддæр кодтой сæ хæс фидыны æмгъуыд

COVID-19-ӕй фӕстаг цыппар фӕрынчынуӕвӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой 16 майы.

Уагдоны фехъусын кодтой, знон кӕй ауагътой ноджы 66 тесты – уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад. Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл иу мин тестӕй фылдӕр.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 34 рынчыны, фӕлӕ ӕртыццӕджы рынчындонӕй рафыстой дыууӕ пациенты, кӕцытӕн схос кодтой COVID-19-ӕй.

Фӕстаг цыппар боны карантинӕй рахызтысты ӕмбӕстӕгты цалдӕр къорды, сӕ нымӕцы УФ ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты курсанттӕ. Медикты хъусдарды бын сты 213 адӕймаджы, уыдонӕй 146 рынчындоны.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0