Джеры Дзуары алфӕмбылай ацӕудзӕн экологон акци

© Sputnik / Наталья АйриянДжеры дзуар
Джеры дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты кусджытӕ сидынц алкӕмӕдӕр, цӕмӕй ӕрбаиу уой экологон акцимӕ

ЦХИНВАЛ, 22 мая - Sputnik. Джеры Дзуары алфӕмбылай ацӕудзӕн экологон акци – хайад райсыны фадат дзы ис алкӕмӕндӕр, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

"Фыццаг хъарм бонты рӕстӕджы хъӕуы бафснайын нӕ фыдыбӕстӕйы сыгъдӕг ӕмӕ аив бынӕттӕ. Комитеты кусджытӕ 26 майы цӕуынц Джеры ӕмӕ Сау дзуары алфӕмбылай ӕфснайынмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Комитеты радон хатт ӕрсидтысты республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй бӕрнон ахаст дарой ӕрдзмӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕ ӕфснайой ӕрдзы улӕфыны фӕстӕ.

Акцийы хайад райсын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон у бадзурын комитетмӕ ацы номыртӕм: 8-(929)-804-7162 ӕмӕ 8-(929)-812-6764.

Ног хабӕртты лентӕ
0