Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой паддзахадон программӕтӕ сӕххӕст кӕныныл

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры парламент
Хуссар Иры парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты боны фӕткмӕ рахастой цыппар фарсты – сӕ нымӕцы ирон ӕвзаг бахъахъхъӕнын ӕмӕ монон-фӕткон хъомылады паддзахадон программӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 22 мая - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Парламенты ахуырад ӕмӕ зонады фӕдыл комитеты сӕрдар Уырыгаты Инал ауагъта рабадт ахуырады министрады паддзахадон программӕты реализацийы фӕдыл, хъусын кӕны закондӕттӕг органы сайт.

Националон дарæс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сфидар кодтой монон-фæткæвæрдон хъомылады ног нывæзт

Боны фӕткмӕ рахастой цыппар фарсты, кӕцытӕ хауынц ирон ӕвзаг бахъахъхъӕнын ӕмӕ монон-фӕткон хъомылады паддзахадон программӕтӕм. Рабадты хайадисджытӕ басгӕрстой, куыд ӕххӕст цыдысты ацы хӕслӕвӕрдтӕ 2011 азӕй 2019 азмӕ.

Парламенты юрист-консультант Цхуырбаты Инга радзырдта, ацы программӕты фӕлгӕтты республикӕйы ахуырадон уагдӕттӕ иууылдӕр кӕй сифтонг кодтой ахуырадон литературӕйӕ ирон ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн, ӕлхӕд цыдысты музыкалон инструменттӕ, организаци кодтой конкурстӕ ӕмӕ улӕфт сывӕллӕттӕн.

"Балхӕдтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы чингуытӕ 1-11 кълӕстӕн, уагъд цыдысты конкурстӕ ахуырдзауты хсӕн, конференцитӕ, тымбыл фынгтӕ. Ныммыхуыр кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы хуыздӕр ахуыргӕнджыты методикон чингуытӕ. Дыккӕгӕм, ӕхсӕзӕм, фарастӕм ӕмӕ дыууӕдӕсӕм скъолаты, афтӕ ма гимнази "Альбион"-ы сарӕзтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы кабинеттӕ, мыхуыр кодтой чингуытӕ ирон ӕвзагыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уый тыххӕй мах дзурӕм стыр бузныг ахуырады министрадӕн", - банысан кодта Цхуырбаты Инга.

Уымӕй дарддӕр, Цхуырбаты Инга банысан кодта, паддзахадон программӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстоны ахуырад ӕмӕ зонады райрӕзт 2013-2017 азтӕм" ӕххӕст бӕрцуаты кӕй нӕ сӕххӕст кодтой.

"Рӕзгӕ фӕлтӕры монон-фӕткон хъомылад 2017-2019 азтӕм" программӕйы тыххӕй Цхуырбаты Инга фехъусын кодта, кӕронмӕ йӕ кӕй сӕххӕст кодтой.

Республикӕйы ахуырады министр Гасситы Натали загъта бузныг депутаттӕн министрады куыстӕн саргъ кӕныны тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, бӕстӕйы ӕнтыстджын фидӕны тыххӕй рӕзгӕ фӕлтӕрмӕ хъӕуы здахын сӕйраг хъусдард.

Комитет аскъуыддзаг кодта рахӕссын ацы хыгъдлӕвӕрдтӕ Хуссар Ирыстоны парламенты президиуммӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0