Штатон режимы: Цхинвалы скуыста ӕхсӕнадон транспорт

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карантинон режимы рӕстӕджы автотранспорты дӕлхайад фӕкъаддӕр кодта ӕхсӕнадон транспорты рейсты нымӕц хъӕутӕм ӕмӕ ӕрурӕдта йӕ куыст горӕты. Ныр та ацы арӕнӕвӕрдтӕ систой

ЦХИНВАЛ, 25 мая – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы ӕхсӕнадон транспорт къуырисӕрӕй райдыдта кусын штатон режимы, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны автомобилон транспорты хайады хистӕр Дудайты Альберт.

Амӕйразмӕ коронавирусон инфекциимӕ тох кӕныны фӕлгӕтты республикӕйы территорийыл рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой ӕхсӕнадон транспорты куыст, горӕты автобустӕ цыдысты ӕрмӕстдӕр микрорайонтӕ "Хурзӕрин" ӕмӕ "Цӕгаттагмӕ".

"Цхинвалы райсомӕй фӕстӕмӕ цӕуынц автобустӕ ӕппӕт районтӕм. Алкӕцы маршруты дӕр архайы иу хӕдтулгӕ. Хъӕутӕм та ӕхсӕнадон транспорт цыд арӕнӕвӕрдты рӕстӕджы дӕр", - загъта Дудайты Альберт ӕмӕ банысан кодта, фӕстаг мӕйты районтӕм рейсты нымӕц кӕй фӕкъаддӕр кодтой.

Хайады хистӕр бафтыдта, зӕгъгӕ, амӕйразмӕ фӕкъаддӕр кодтой рейсты нымӕц хъӕутӕм – къуыри ӕртӕйӕ дыууӕмӕ. Ӕхсӕнадон транспорт ӕрвылкъуыри цыд хъӕутӕм, Знауыр, Дзауы районон центртӕ ӕмӕ горӕт Къуаисамӕ – ӕрвылбон, Чысангомы хъӕутӕм та къуыри дыууӕ хатты.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры иу суткӕмӕ не сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй ног фӕрынчынуӕвджыты

Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад 25 майӕ фӕстӕмӕ систа ӕхсӕнадон бынӕттӕ ӕмӕ транспорты куыстыл тобӕ.

Къуырисӕрӕй байгом уыдзысты кафетӕ, ресторантӕ, сывӕллӕтты хирхӕфсӕн центртӕ, спортивон объекттӕ, библиотекӕтӕ, уазӕгдӕттӕ ӕмӕ санаторитӕ. Афтӕ ма йӕ куыст сног кӕндзӕн ӕхсӕнадон транспорт дӕр.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ адарддӕр кодтой 30 июны онг, афтӕ ма республикӕмӕ ӕрцӕууӕгаг ӕмбӕстӕгтӕн уыдзӕн ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, фӕндаг кӕй байгом уыдзӕн Цӕгат Ирыстоны уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уый фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0