УУМ кусджытӕ ссыгъдӕг кодтой трассӕ Цхинвалы районы ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас
Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленингоры районмӕ трассӕйыл тыхдымгӕйы фӕстиуӕгӕн бӕлас афӕлдӕхт фӕндагыл

ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Тӕркъӕвдайы рӕстӕджы тыхдымгӕты фӕстиуӕгӕн Цхинвал – Ленингор трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас, кӕцы бахъыгдӕрдта фӕндагон змӕлд.

© Sputnik / Эльбрус ТигиевУпавшее дерево на трассе близ Цхинвала
УУМ кусджытӕ ссыгъдӕг кодтой трассӕ Цхинвалы районы ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Упавшее дерево на трассе близ Цхинвала

Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ ӕрбацыдысты цауы бынатмӕ ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой фӕндаг.

"Радгӕсон хайадмӕ бадзырдтой, уый фӕстӕ цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты ирвӕзынгӕнджытӕ. Бӕлас алыг кодтой ӕмӕ йӕ айстой фӕндагӕй", - банысан кодтой уагдоны радгӕсон хайады.

Ӕрхаугӕ бӕлас аскъуыдта электрондыхы хызӕгтӕ, уый фӕдыл ӕввахс хӕдзӕрттӕ баззадысты ӕнӕ рухсӕй.

Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы радгӕсон хайады банысан кодтой, энергетиктӕ кӕй кусынц проблемӕ аиуварс кӕныныл.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас.
Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас.
© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас.
Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас.
1/2
Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас.
2/2
Цхинвалы цур трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас.
Ног хабӕртты лентӕ
0