Президент Юстицийы министрады кусджытӕн: законы тых - йӕ ӕххӕст кӕнын

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Юстицийы министрады кусджыты
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Юстицийы министрады кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад – ӕххӕстгӕнӕн хицауады ахсджиагдӕр къабӕзтӕй иу – ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ сырӕзтыл 28 азы сӕххӕст

ЦХИНВАЛ, 27 май— Sputnik. Алы кусӕджы удуӕлдай архайд ӕмӕ бӕрндзинады фӕрцы сымахӕн бантыст бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ схизын, хъахъхъӕнут законы уӕлыдзинад, ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады сӕвзӕрдыл 28 азы сӕххӕсты фӕдыл.

Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад – ӕххӕстгӕнӕн хицауады ахсджиагдӕр къабӕзтӕй иу – ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ сырӕзтыл 28 азы сӕххӕст.

"Уӕ уагдон ӕнцонтӕй нӕ сырӕзт. Алы кусӕджы удуӕлдай архайд ӕмӕ бӕрндзинады фӕрцы сымахӕн бантыст бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ схизын, хъахъхъӕнут законы уӕлыдзинад, ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад", — хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Президент банысан кодта юстицийы органты алкӕцы кусӕджы ӕврылбонон хайбавӕрд дӕр республикӕйы закондзинад сфидар кӕныны хъуыддагмӕ.

"Алы бон дӕр, иу кӕнӕ аннӕ скъуыддзӕгтӕ рахӕсгӕйӕ, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг реформӕтӕ ӕмӕ законон базӕйы модернизаци уадзгӕйӕ сымах фидар кӕнут закондзинад нӕ бӕстӕйы, кӕнут ӕй ӕхсӕнадӕмон нормӕтӕм", — загъта Бибылты Анатолий.

Президент бузныг загъта уагдоны кусджытӕн сӕ хӕрзиуӕгджын архайды тыххӕй райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд ӕмӕ сӕм ӕрсидт, цӕмӕй ӕппынӕдзух сӕ зӕрдыл дарой, законы тых кӕй ис йӕ ӕххӕст кӕныны.

Ног хабӕртты лентӕ
0