Хуссар Иры райдыдтой исын документтӕ УФ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕуыны фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянХъахъхъӕнынады министрад
Хъахъхъӕнынады министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ исдзысты Хуссар Ирыстоны Ӕфсӕддон комиссариаты 4 июны онг

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад ӕртыццӕгӕй фӕстӕмӕ райдыдта исын хуссарирыстойнаг абитуриентты документтӕ, кӕцыты фӕнды бацӕуын Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕттӕм, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Документтӕ исдзысты 4 июны онг.

"Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады 27 майӕ фӕстӕмӕ райдыдтой исын куырдиӕттӕ, цӕмӕй хуссарирыстойнаг абитуриенттӕ бацӕуой Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕттӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, абитуриенттӕн сӕ бон кӕй у райсын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг информаци республикӕйы Ӕфсӕддон комиссариаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0